Арчил Талакъвадзе – «Геппатит Ц»-ы эллиминацийы программæйæ, низæй фервæзтис 65 00-æй фылдæр адæймаг
Геппатит Ц-ы эллиминацийы программæйы фæрцы, низæй нырид сæнæниз ис 65 000-æй фылдæр адæймаг æмæ ныр хос кæнынц 70 000 æмбæстаг, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе, Геппатит Ц-ы ныхмæ хæцыны æппæтдунейон бонмæ гæсгæ фыссы социалон хызагы.
«28 июль Геппатит Ц-ы ныхмæ хæцыны æппæтдунейон бон у! 2014 азы Гуырдзыстоны хицауад райдыдта Геппатит Ц-ы программæ æххæст кæнын, кæцы тынг бирæ адæймагæн фервæзын кодта цард æмæ æнæниздзинад. Геппатит Ц-ы эллиминацийы программæйæ, низæй нырид сдзæбæх ис 65 000-æй фылдæр адæймаг æмæ ацы тæккæ хос кæнынц 70000 æмбæстагæн. Сæ нымæцы пациенттæн Абхаз æмæ Цхинвалы регионæй.
Паддзахады æмæ æмбæстагон секторы, медицинон æхсæнады æмæ нæ стратегион парнер – АИШ-ы æххуысæй мах ацы программæ сæххæст кæнын бахъом стæм æмæ нæ бирæ æмбæстагы фервæзын кодтам.
2014 азы онг Геппатит Ц уыд сындæг мæлæты æмæ ныфссастдзинады диагноз. Абон та хос кæнын алкæмæн рæувадат у ысдзæбæхы бæрæггæнæн 98%-æй бæрзонддæр у» – хъусын кæны Талакъвадзе.