Арчил Талакъвадзе - цас фылдæр æнтыстытæм æрцæуы Гуырдзыстон, уый йас фылдæр архайы Уæрæсе ацы æнтыстытæ фæкуылымпы кæнын
Уæрæсеимæ дыууæфарсон ахастыты нормализаци гæнæн ис, нæ территориты деоккупацийы фæстæ æмæ Уæрæсейы æфсæддæттæ, кæцытæ Гуырдзыстоны дыууæ регионы æнæзакононæй сты, куы аддæмæ уыдзысты нæ территорийæ. Æрмæст уый фæстæ ис гæнæн нæ ахастыты нормализацийы кой кæнын – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе загъта журналисттимæ ныхасы рæстæджы.
Парламенты сæрдары фидиуæнæй, нырма зæгъгæ Уæрæсейы æрдгæй иунæг нысаниуæгджын политикон уынаффæ дæр нæ уыд ист æхсты фæурæды бадзырд сыххæст кæнынæн.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ цас фылдæр æнтыстытæм æрцæуы Гуырдзыстон, уый йас фылдæр архайы Уæрæсе ацы æнтыстытæ фæкуылымпы кæнын, уый нымæцы дезинформацийы фæрцы.
Афтæма Арчил Талакъвадзе дзуры, цæмæй хицауад алы амæлттæй архайы, цæмæй адæймæгтæн уа объективон информаци æмæ рахæссой раст информацийыл æнцойæвæрд уынаффæтæ.
«Абоны бонмæ архайæг форматты тыххæй куы зæгъæм, уæд ис Женевæйы формат, æхсæнадæмон форматтæ, кæцытыл нын ис тæрхон бирæ ахсджиаг фарстатыл – уынæм, цæмæй нæдæр æхсты фæурæды бадзырды пункттæм гæсгæ, æмæ нæдæр æндæр фарстатыл Уæрæсейы æрдгæй никуы уыд иунæг нысаниуæгджын уынаффæ ист, уымæ гæсгæ дæр, æрмæст фидиуæнтæ не сты уыцы уæззау уавæр фæивын хъом, кæцы, хъыгагæн, æрфидар ис дыууæдæр оккупацигонд регионы – адон сты адæймаджы барты гуырымыхъхъ халын, уцы инциденттæ æмæ провокацитæ, кæцытæ регуляронæй цæуынц фæнысангонд территоритыл. Уæрæсейы Гуырдзыстоны æрдæм гæнæн интересты тыххæй куы зæгъæм, кæй зæгъын æй хъæуы, ног хабар нæу уый æмæ Уæрæсе архайы алы амæлттæй фæкуылмпы кæна нæ бæстæйы демокративон райтынг – цас фылдæр æнтыстытæм æрцæуы Гуырдзыстон, уый йас фылдæр архайы Уæрæсе ацы æнтыстытæ фæкуылымпы кæнын. Уый нымæцы дезинформацийы фæрцы, йемæ баст къордты фæактивон кæнынæй, уый нымæцы политикæйы. Хицауад æмæ нæ политикон бал, кæцыйæн ис дырыс бæрæг проныгуылæйнаг политикæ, алцыппæт аразæм, цæмæй адæймæгтæм уа объективон информаци æмæ рахæссой раст информацийыл æнцойæвæрд уынаффæтæ. Нæ æхсæнады уынаффæйыл, дезинформаци нæ фæзындзæн», – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.