Арчил Талакъвадзе - æнæмæнгæй сараздзыстæм момент, Гуырдзыстоны территорион æнæхзъæндзинад куы сæндидздзæн
НАТО-йы парламентон ассамблейы президенты визит ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цас бæрзонд æнцойад ис бæстæйæн НАТО-йы уæнг суæвыны фæндагыл æмæ уыцы реформæтæн, кæцыты æххæст кæнæм НАТО-йы стандарттæм æмбæлгæйæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе, НАТО-йы парламентон ассамблейы президент Медлин Мунимæ фембæлды фæстæ уагъд иумæйаг брифингыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон у æмæ фидæны дæр уыдзæн регионы НАТО-йы æмæ ныгуылæйнаг бинонты иуæй-иу æууæнкджын æмцæдисон æмæ партнер.
«Тынг хъахъхъæнæм нæ демокративон æнтыстытæ æмæ хъахъъхæнæм æдасдзниад, кæцы Гуырдзыстонæн ис регионы. Уырнæг дæн, нæ партнертимæ иумæ, сабырадон фæндагæй, демокративон фæтыхджындæрæй, хицауадон куыст райрæзын кæныны фæндагæй, не æмбæстæгтимæ демокративон форматты диалогы фæрцы мах, æнæмæнгæй сæвзæрын кæндзыстæм момент, Гуырдзсытоны территорион æнæхъæндзинад куы сæндидздзæн, деоккупаци æрцæудзæн æмæ ацы стыр быцæусидт æмæ проблемæ, кæцы нæ бæстæйæн ис, аскуыддзаг уыдзæн. Гæнæн ис ай у вазыгджын фæндаг, кæцыйы хъæуы стыр быхсын, бирæ куыст, фæлæ нæ хъуыдымæ гæсгæ, ай у иунæг раст фæндаг», – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.