Арчил Талакъвадзе - абоны тæрхонон системæ диаметралонæй хъауджы у, цы нæм уыдис - уыйимæ абаргæйæ
Абоны тæрхонон системæ диаметралонæй хъауджы кæны уымæ абаргæйæ, раздæр ны цы уыдис, уый бæрæг у алы кусæн бæрæггæнæнæй, кæцы парламентæн тæрхондонмæ гæсгæ ис – уый фæдыл паралментон фылдæрты лидер Арчил Талакъвадзе, «Æхсæнадæмон Рухсдзыд – Гуырдзыстоны» иртасæны фæдыл фарсты дзуаппæн загътас.
Арчил Талкъвадзе куыд банысан кодта афтæмæй, администрацион æмæ тугтæрхоны барады хъуыддæгты фæдыл тæрхоныскуыдты баланс ис æмбæстæгты пайдайæн.
«Нысаниуæгджынæй райрæзтис уыцы тæрхоныскуыдты нымæц, кæцы паддзахадимæ даууы администрацион кæнæ тугтæрхоны барады æрдгæй, тæрхондон рахæссы, рæстаг æмæ хæдбар уынаффæтæ. Тæрхондоны реформæтæ адæрддæр уыдзысты, реформæты 4 уылæн бакуыст у растдæр уый тыххæй, цæмæй адарддæр уа тæрхондоны бархионы æмвæзады рæзынад æмæ фæтыхджындæр кæнын æмæ расттæрхоны сектор, дзыллæйы интерестæм ноджы фылдæр эффективонæй балæккад кæна» райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.
«Æхсæнадæмон рухсдзыд – Гуырдзыстон» абон публикаци скодта иртасæн. Иртасæны мидæг уыдис фарстытæ коррупцийы, паддзахады æмæ æхсæнадон институтты æрдæм æууæнкы, хицауады сæйраг къалиуты æмæ оргæнты куысты, медийы æмæ æнæхицауадон организациты куысты фæдыл. Рафарст цæрджыты 58% нымайынц, цæмæй тæрхонон системæ хицаугæнæг партийы æндæвдады бын ис, æрмæст 51% хъуыды кæнынц, цæмæй объективон нæу.