Арчил Чиковани Батумы мэры постæй йæхи систа. Уый фæдыл Чиковани социалон хызагы ныффыста.
“Æз райстон уынаффæ Батумы мэры бынатæй ацæуын. Горæты сæргълæууæг уæвын уыд стыр кад æмæ нысаниуæгджын бæрндзинад. Фæнды мæ бузныг зæгъын Батумы цæрджытæн сæ æууæнк æмæ æххуысы тыххæй, æмæ уыцы къордæн, кæцыимæ бирæ азты дæргъы куыстон нæ горæты хæрзиуæгæн”.
«Фæнды мæ сæрмагонд бузныг расидон «Гуырдзиаг бæллиццы» бирæсывæллонджын бинонтæн æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, æз баззайын ацы командæйы иузæрдион уæнгæй», – фыссы Арчил Чиковани.