Аппеляцион тæрхондон æнахъом Давит Саралидзейы къордонæй марындзинады, Г.Дж.-ы аххосджыныл банымадта
Аппеляцион тæрхондон æнахъом Давит Саралидзейы къордонæй барæй марындзинады, Г.Дж.-ы аххосджыныл бнымадта.
Цыдæриддæр та Г.Б.-мæ æххæссы, уыйы æрдæм зылынгæнæг фарсы хъастимæ не сразы сты æмæ уыц Давит Саралидзейы барæй марындзинады аппеляцион тæрхондоны коллегий æнаххосыл банымадта. Аппеляцион тæрхондон йæ тыхы ныууагъдта сахарон тæрхондоны уынаффæ Леван Дадунашвилийы марындзинады тыххæй æмæ æ аххосджыныл банымадта Г.Б.-ы.
Уымæй дарддæр ма, сæ дыууæйæн дæр ивд æрцыд æфхæрды амал æмæ сын стæрхон кодтой фæйнæ 11 азы æмгъуыдмæ ахст.
51-аг скъолайы ахуыргæнинæгтæ Давит Саралидзе æмæ Леван Дадунашвилийы 2017 азы фыццаг декабры, Тбилисы, Хоравайы уынгыл мæлæтдзаг цæф фæкодтой. Иу æнахъом æрбамард цалынмæ йæ рынчындонмæ баластаиккой уæдмæ. Иннæ та – бирæон цæфтæй рынчындоны, дыккæгæм бон æрбамард.
Марындзинады аххосагæй дыууæ æнахъомы æрцахстой. Дыууæ æнахъомы марындзинадæй æхсæз мæйы фæстæ, Тбилисы сахарон тæрхондон ахæсттæн сæ аххосагы квалификаци фæивдта. Тæрхонгæнæджы скуыддзагæй Г,Б.-йы æрмæст Леван Дадунашвилийы марындзинады банымадтой аххосджыныл æмæ йын 10 аз æмæ 6 мæйы æмгъуыдæй ахст стæрхон кодтой, æрмæст иннæ æнхъом Г.Дж.-йы Давит Саралидзейы барæй марындзинады бæсты, тæрхонгæнæг Саралидзейы барæй марындзинады архайды фæзылыныджын кодта æмæ йын фараст аз æмæ фараст мæййон ахст стæрхон кодта. Растдæр фæнысангонд тæрхоныскъуыдыл бахъаст кодтой аппеляцион тæрхондонмæ дыууæ фарсы.