Антверпены стынды фæстиуæгæн цалдæр бæстыхай ныккалдис
Антверпены стынды фæстиуæгæн цалдæр бæстыхай ныккалдис

Бедьгийы  сахар Антверпены  стынд сырæзт.  Уый фæдыл  бынæттон медиа  барадхъахъхъæнæг  уагдоныл æнцойæ  хъусын кæны. Стынды  фæстиуæгæн  сæвзæргæ  уылæн  æртæ бæстыхай ныккалдта.

Бынæтотн медийы  хъусинагæй,  ирвæзынгæнджытæ  кæлдздæгты  бынæй  иу цæфы  сластой. Сæ информацийæ,  кæлддзæгты бын гæнæн ис  ноджы  уа  зианбаййафджытæ.

ИРвæзынгæнæн  операци  дарддæр кæны, æндæр детæлттæ  нырма  бæрæг не сты. Афтæдæр  нæу  бæрæг  стынды аххос. Развæлгъау бæрæггæнæнтæй, стынд гæнæн ис æрдзон газ кæй рахъарыд уый аххосæй  сырæзт.