Антитеррористон операцийы рæстæджы зиангонд хæдзæртты рацалцæг кæндзæн мерийы хæрзвадаты куыст
Тбилисы Габриел Салосы Уынгыл антитеррористон операцийы рæстæджы зиангонд хæдзæртты сфыст сырæзт æмæ сæ ногæй рацалцæг кæнынæн бахардз уыдзæн 300 000 лари – уый фæдыл райхъусын кодта Тбилисы мерийы хæрзвадаты куысты хистæр Гиви Къублашвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, антитеррористон операцийы рæстæджы, зиангонд фатерты рацалцæг кæндзæн Тбилисы мерийы хæрзвадаты куыст.
«Сеппæтæй фылдæр зиæнттæ ис 5 фатеры. Ис дзы ноджы 2 хæлдзары, кæцытæ абаргæйæ рог зиæнттæ ис. Мах райсомæй æрывналдзыстæм куыстытæм æмæ бацархайдзыстæм макисмалонæй цыбыр æмгъудмæ фæуæм нæ куыст. Бæлвырдæй мæ бон нæу зæгъын цас рæстæг нæ бахъæудзæн, уымæн æмæ æмтгæй райсгæйæ, 600 квадратон метры бæрц фæзуат у рацалцæг кæнианг æмæ фæфидар кæнинаг» – дзуры Гиви Къублашвили.
Габриел Салосы уынгыл антитеррористон операцийы 22 нобяры ПÆК-ы контртеррористон департамент сæххæст кодта.
Официалон ратгæтæй, ликвидацигонд сты æртæ уæнгы, сæ нымæцы Ахмед Чатаев. Антитеррористон операцийы рæстæджы фæхъуыд ПÆК-ы иу кусæг.