Антисоветон растады архайды тыххæй топпмæ æвæрд хъайтарты  фæдыл информацион  мемориал  байгом уыдзæн
Антисоветон растады архайды тыххæй топпмæ æвæрд хъайтарты фæдыл информацион мемориал байгом уыдзæн

 

Вакейы паркы,антисоветон растады архайды  тыххæй топпмæ æвæрд  хъайтарты фæдыл  информацион  мемориал сывæрдзысты – уый фæдыл   Тбилисы  мэр Каха Каладзе муниципалитеты хицауады  рабадтыл  райхъусын кодта.   Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ арæзт уыдзæн тыгъдад, кæцыйы Гуырдзыстоны  хæдбар  комитеты æфсæддон центры, йæ куысты æмæ  уæнгты фæдыл историон  бæрæггæнæнтæ уыдзæн.

«2023  азы  зæрдæвæрæны, 100 аз сыххæст уыдзæн   антисоветон растады  архайды тыххæй Гуырдзыстоны хæдбардзинады  комитеты æфсæддон  центры уæнгты – Котэ Абхазийы, Александре  Андроникашвилийы, Варден Цъулукидзейы, Ростом Мусхелишвилийы, Гиорги Химшиашвилийы  æмæ æндæрты топпмæ æвæрдæй. Уыдон снывонд сты  Гуырдзыстоны хæдбардзинадæн æмæ сæрибардзинадæн  тохы.  Бирæ азты дæргъы  сæ кой  дæр  тобæгонд уыд æмæ фылдæр сусæгæй,  фæлтæрæй-фæлтæрмæ  уыдис лæвæрд  ацы  дæнцон  хъайтардзинады  уац.  Рахастам уынаффæ, ома Вакейы паркы  саразæм  информацион   мемориал», –  загъта Каха Каладзе.