Анри Оханашвили – Страсбург сбæлвырд кодта, цæмæй Кезерашвили сæрмагондæй уæззау фыдракæнд сарæзта æмæ банымадта Гуырдзыстоны уæллаг тæрхондоны æскъуыддзагы легалондзинад
Анри Оханашвили – Страсбург сбæлвырд кодта, цæмæй Кезерашвили сæрмагондæй уæззау фыдракæнд сарæзта æмæ банымадта Гуырдзыстоны уæллаг тæрхондоны æскъуыддзагы легалондзинад

Страсбургы тæрхондон Кезерашвили Давиты уæлдай уæззау фыдракæнды сыххæст сбæлвырд кодта æмæ Гуырдзыстоны уæллаг тæрхондоны тæрхонæн йæ легалондзинад банымадта, – уый фæдыл Гуырдзыстоны юстицийы министр Оханашвили Анри министрады арæзт брифингыл расидтис.

Анри Оханашвилийы расидæнмæ гæсгæ, Страсбургы тæрхондоны æскъуыддзагæй сбæлвырд ис, цæмæй Кезерашвили Давит хихъахъæнады министры посты рæстæджы Гуырдзыстоны æфсадæн нысангонд паддзахадон бюджет дзæгъæлы сарæзта, æмæ йæ ныхмæ политикон æфхæрд нæ уыд.

«Фæнды нæ уæ базонгæ кæнæм Страсбургы тæрхондоны абоны уынаффæ «Кезерашвили Гуырдзыстоны ныхмæ» хъуыдтагы фæдыл. Страсбургы тæрхондоны æскъуыддзагмæ гæсгæ, сбæлвырд ис, цæмæй Кезерашвили Давит, хихъахъæнады министры бынатмæ æххæст кæныны рæстæджы, 2008 азы августы хæсты агъоммæ чысыл рæстæджы агъоммæ, Гуырдзыстоны æфсадæн нысангонд паддзахадон бюджетæй егъау суммæйы æхца аскъæфта. Сæрмагондæй, 5 милуан 60 мин евро, кæцы абоны курсæй 15 милуан ларийы бæрц у.

Страсбургы тæрхондон сбæлвырд кодта, цæмæй Давит Кезерашвили политикон аххосæгтæм гæсгæ æфхæрд нæ уыд. Афтæ дæр Гуырдзыстоны Уæллаг Тæрхондоны тæрхон Кезерашвилийы тæрхон кæныны фæдыл уыд бындурæвæрд æмæ йæ ныхмæ æнæаххосдзинады презумпцийы хæлд нæ уыд.

Фæнды нæ æхсæнады зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм Кезерашвилийы криминалон схемæйы тыххæй. Кезерашвили, хихъахъæнады министры бынатмæ уæвгæйæ, 2008 азы августы хæсты агъоммæ чысыл рæстæджы, закъоны хæлдæй, оффшорты регистрацигонд компаниимæ иу бонмæ бафыста фиктивон контракт Гуырдзыстоны æфсады хæстон цæттæдзинады фæдыл. Уыимæ, амынд сразыдзинад бафыстæуыд Хъахъхъæнынады тыхты Генералон штабæй ахизгæйæ. Фактмæ гæсгæ, гуырдзиаг æфсады ахуыртæ нæ уагъд æрцыдысты æмæ уый фæстиуæгæн, 5 милуан 60 мин евройы бæрц гуырдзиаг æфсадмæ хауæг æхцайы фæрæзтæ нысанмæздæхтæй дзæгъæлы фесты. Банысанкæнинаг у уый дæр, æмæ Кезерашвили, кæцы гуырдзиаг æфсады давдæй схъæздыг ис, уæлæмхасæнæй Страсбургы тæрхондоны паддзахадæй моралон зианы тыххæй 15 мин евро æрдомдта, кæцыйæн Страсбургы тæрхондон не сразы ис.

Страсбургы тæрхондон æмткæй райсгæйæ æмæ æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, сбæлвырд кодта, цæмæй Кезерашвили сарæзта уæлдай уæззау фыдракæнд æмæ афтæмæй банымадта Гуырдзыстоны уæллаг тæрхондоны тæрхоны легалондзинад.

Арфæ кæнын нæ паддзахадæн, гуырдзиаг æфсадæн æмæ нæ æхсæнадæн ацы аккаг уæлахиздзинад Европаг тæрхондоны», – расидтис Оханашвили Анри.