Анри Оханашвили – Гуырдзыстоны хицауад Страсбургы ноджы иу уæлахиз рамбылдта, кæцыйы фæрцы Уæрæсе æххæстæй дзуапп лæвæрдта оккупацигонд Абхазийы исбоны барты хæлдтыты тыххæй.
Гуырдзыстоны хицауад Страсбургы тæрхондоны ноджы иу уæлахиздзинад рамбылдта, кæцы ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад? – уый фæдыл Гуырдзыстоны юстицийы министр, Оханашвили Анри министрады арæзт брифингыл расидтис.
Оханашвилийы расидæнмæ гæсгæ, Страсбургы тæрхондон «Таганова æмæ æндæртæ Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы ныхмæ» хъуыддагы фæдыл æскъуыддзаг публикаци кодта, кæцымæ гæсгæ дæр Уæрæсе æххæстæй дзуапп лæвæрдта оккупацигонд Абхазы территорийыл исбоны барты хæлдтыты тыххæй.
«Снысангонд хъуыдтагы фæдыл хъастгæнæг физикон гоймæгты претензи баст уыд оккупацигонд Абхазы территорийыл мулкмæ хауæг фарстатимæ. Страсбургы тæрхондоны абоны æскъуыддзаг ноджы иу хатт сбæлвырд кодта, цæмæй Уæрæсе хæссы æххæст бæрн оккупацигонд територитыл адæймагы барты хæлдтыты тыххæй, уымæн æмæ абоны онг Уæрæсе йæ оккупацигонд Абхазы территорийыл эффективон контрол кæны. Страсбургы тæрхондон бахахх кодта, цæмæй æхсæнадæмон барадмæ гæсгæ, Абхаз Гуырдзыстоны æнæфæхицæнгæнгæ хай у, фæлæ 1990-æм азтæй фæстæмæ, Уæрæсейы æрдыгæй æфсæддон, экономикон æмæ политикон къуылымпыдзинады тыххæй, Гуырдзыстоны хицауадæн йæ бон нæ уыд эффективон контрол сæххæст кæнын.
Æнæкæсгæ уымæ, æмæ Гуырдзыстонæн йæ бон нæу оккупацигонд Абхазы территорийыл эффективон контрол сæххæст кæна, Страсбургы тæрхондон бахахх кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад райста алы гæнæн æмæ æмбæлон мадзæлттæ Абхазы хицæн адæймæгты исбоны бартæ бахъахъхъæныны тыххæй. Европаг тæрхондоны абоны æскъуыддзаг ноджы иу хатт сбæлвырд кодта æмбæлон æмæ сабырадон деокупацийы æцæгдзинад, кæцы 2012 азæй фæстæмæ æххæст кæны Гуырдзыстоны хицауад.
Арфæ кæнын нæ æхсæнадæн ацы æндæр националон уæлахиз оккупацийы ныхмæ. Афтæ дæр мæ фæнды ацы фадатæй спайда кæнын æмæ бузныг зæгъын юстицийы министрады кусджытæн паддзахадон интересты хъахъхъæды хайбавæрды тыххæй», – расидтис Оханашвили Анри.