«Анонимусы» хакертæ Уæрæсейы паддзахадон каналаты стримингсервертæ басастой æмæ Украинайы хæсты æвдисæг видеоæрмæгы ауагъдтой эфиры
Анонимусы хакертæ Уæрæсейы паддзахадон каналты стримингсервертæ басастой æмæ дзы уым Украинайы хæсты æвдисæг видеоæрмæг ауагъдтой.
Хакертæ райхъусын кодтой, цæмæй басастой уырыссаг стримингсервистæ «Винк» æмæ «Иви» æмæ ахæм каналты онлайн-куыст, цахæмдæр у Уæрæсейы Фыццаг Канал, «Россия 24» æмæ «Москва 24».
Фæнысангонд каналты ног хабæртты бæсты, уыдон ахæлиу кодтой Харьковыл бомбæппæрсты кадртæ æмæ абоненттæм сидт, кæцыйы мидæг банысангонд уыд, цæмæй хæст сцырын кодта Путины авторитарон æмæ фыдгæнæг режим Уæрæсейы хуымæтæг æмбæстæгты номæй.
Уырыссаг телекомпанитæ уацхæссынады хуымæтæг режиммæ æрыздтæхтысты.