Анна Нацвлишвили - Медведевы фидиуæнæн тынг цырд хъуамæ дæттиккой дзуапп официалон уагдæттæ
Медведевы ацы фидиуæнæн тынг тагъд æмæ дырыс дзуапп хъуамæ дæттой официалон уагдæттæ, æнхъæлмæ кæсын, куыд фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæнмæ, афтæ бæрзонддæр политикон гæсты фидиуæнтæм,- уый фæдыл «Лелойы» уæнг Анна Нацвлишвили райхъусын кодта.
Дзырдæуы фидиуæныл, кæцыйы Дмитрий Медведев банысан кодта: «Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсемæ баиу кæныны идея нырма популярон у. Уый сыххæст кæнын уыдзæн гæнæн исты бындурджын æфсон куы уа уæд».
Нацвлишвилийы дзырдæй «Гуырдзыстонæн ис æвзæрст эвроатлантикон къурс æмæ тынг хъыгаг у, историйы ацы моменты Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсе спикерты фидиуæнтæ афтæ фæдисонæй æмæ æлгъагæй куы фемдзыд вæййынц уый».
«Ахæм уавæры ис куы уаг фæфиппайæм ныхъхъусуæвæг «Картули Оцнебайы», рмæст хæлæртты æмæ партнерты фидиуæнтæ куы вæййынц уæд та виппайды сдзуапп кæнынц. Ныр цымидис кæнын, кæм ис паддзахадон уагдæтты æмæ «Картули Оцнебайы» виппайды позиционир кæнын ацы бынтон нæрайсгæ фидиуæны фæдыл. Ныр датæты тыххæй куы зæгъæм уæд, Уæрæсейæн æмæ йæ алы минæварæн бакой кæндзынæн, цæмæй Уæрæсе дыууæ æнусы дæргъы хæцы Гуырдзыстоны хæдбардзинадимæ æмæ территорион æнæхъæндзинадимæ æмæ историйы ногæй рафыссыны архайд, цыма цæвиттон ай æппæт æрмæст 2008 азы райдыдта, кæнæ та 90-æм азты, у уырыссаг политикæйы къухфыст. Фæлæ дуне дзæбæх зоны ацы историйы райдайæн æмæ гуырдзиæгтæ дзæбæх зонæм, цæмæй Евроцæдисы бынтон нæ уыдис арæзт, Уæрæсе Гуырдзыстоны хæдбардзинады ныхмæ, аргъуаны автокефалийы ныхмæ архайдта, кæцыйы ивгæ дæр ракодта Гуырдзыстоны паддзахаддзинадимæ иумæ. Уый у реалондзинад, кæцыйы Медведевы æмæ æндæрты кæцыфæнды фидиуæнтæ нæ фæивдзысты. Гуырдзыстонæн æвзæрст у евроатлантикон курс æмæ тынг хъыгаг у уый æмæ историйы ацы моменты Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы спикерты фидиуæнтæ афтæ худинаггаг æмæ фæдисонæй куы фемдзыд вæййынц, уый», – райхъусын кодта Нацвлишвили.