Анкарайы Турк æмæ Украинæйы президентты фембæлд цæуы
Анкарайы Турк æмæ Украинæйы президентты фембæлд цæуы

Анкарайы Турк æмæ Украинайы президентты фембæлд цæуы.

Туркы президенты администрацийы информацимæ гæсгæ, Реджеп Тайип Эрдогъан фыццаг Владимир Зеленскийимæ  ныхас ауаддзæн, уый фæстæ та дыууæ бæстæйы делегациты хайадистæй фембæлд сырæздзæн.

Стамбулы Эрдогъан æмæ Зеленскийы фембæлд цæуы уыцы бон, кæцыйы Стамбулы хъуамæ сырæза уырыссаг-украинаг бадзырдтæ. Бадзырдты бæлвырд рæстæг нырма нæу снысангонд. Зеленский Анкарамæ æрцæугæйæ, аэропорты медийæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, Украинæйы дарддæры къахдзæфты фæдыл уынаффæ Эрдогъанимæ ныхасы фæстæ ист æрцæудзæн.

Уæрæсейы делегаци ныридæгæн ис Стамбулы. Разамынд ын дæтты Уæрæсейы президенты æххуысгæнæг Владимир Мединский. Делегацийы сконды ма сты фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузин, Уæрæсейы Гарзджын тыхты генералон штабы сæйраг дирекцийы хистæр Игорь Костюков æмæ хъахъхъæнынады министры хæдивæг Александр Фомин.