Англис, Тунисы æмбырдгонды тынг уæззау матчы басаста – [видео]

2018  азы  дунейы  чемпионатыл футболы, Англис фыццаг туры  фемб1лд  Тунисимæ æмæ   тынг æндыгъд матчы,  минималон хъауджыдæрдзинадæй  2:1  фæуæлахиз ис.

Фыццаг тайм  бритайнæгтæ   бирæ рæстæг æрвыстой  размæбырстыты  æмæ  сæм къæм баппаырыны реалон шансытæ дæр  бирæ  уыд. Æртыккаг минутыл,  Хасен  дыиссаджы  сейв  равдыста.  Цалдæр минутмæ  та   англисæгтæм  гол  баппарыны  дыккаг диссаджы  шанс фæзындис  фæлæ  стерлинг  порти дзæбæх йæхимæ нæ райста  æмæ  йæ  афтид  дуæрттæм  баппарын  нæ фæцарæхст.  Матчы фыццаг гол, Харри Кейн  баппæрста  11-æм минутыл.  Тунисæгты  дуаргæс Хасен  йæхи ноджы иу хатт равдыста, Джон Стоунсы  сæрæй   цæф фæстæмæ акъуырдта,фæлæ  портийы  цур фыццаг фæзындис Кейн æмæ  матчы хыгъд байгом кодта.

35-æм минутыл,  Уокер  ивары фæзыгы, фæткъæвæрд гуырымыхъхъ мийæ  фæхæлдта æмæ англисæгты  дуæртты раз  сынсан ис пенальти, кæцыйæ  Ферджани  Сасси   дырысæй сæххæст кодта – 1:1.

Бритайнæгтæм дыккаг таймы дæр уыд  юирæ   моментытæ,  сæрмагондæй та матчы   кæройнг минутты, фæлæ  сын къæм баппарын не нтыстис.  Англисæгтæм матчы   хъайтарæй  фæзындис  сæ капитан, Харри Кейн.  Фыццаг  уæлæмхас   минутыл, къуымон цæф  снысан ис æмæ   Кейн  сæрæй   цæфæй скъуыддаггæнæг   къæм баппæрста  тунисæгты дуæрттæм.

Рафыссут нæ  уникалон аппликаци   FIFA 2018! Android

Æмæ  уæм уыдзæн фадат,  оперативонæй   базонат  алы  цымидисон  хабаримæ,   матчыты  бæлвырд  ранывæст, фæстиуджытæ  LIVE-режимæй  æмæ  саразат  уæхи сæрмагонд прогноз!

Матчыты  бæлвырд  ранывæзт  -Дунейы Чемпионат  Фыццаг Къаналыл!