Германийы Федеративон Республикæйы канцлеры визит Гуырдзыстонмæ, дыууæфарсон ахастытæ æмæ бæстæйы европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы боны фæткы сæйраг фарсстатæ сæйраг темæтæй уыдсты Гуырдзыстоны-премьер-министр Мамука Бахтадзейы æмæ Германийы минæвар Хайке Фачы фембæлдыл, кæцы абон хицауады администрацийы сырæзт.
Премьер банысан кодта, цæмæй хицауад дыууæфпарсон ахастыты тынгады сегасæй нысаниуæгджын фæзындæй хоны канцлер Ангела Меркелы официалон визиты Гуырдзыстонмæ, кæцы æввахс фидæнмæ план кæны.
Мамука Бахтадзе бахахх кодта Германийы нысаниуæгджын роль бæстæйы институцион тынгады процессы.
Хъусдард здæхт æрцыд базарадон-экономикон цæдисты æрдæм æмæ немыцаг инвестициты рæзынадыл Гуырдзыстоны, афтæма – ахуырады нысаниуæгыл хъæддых экономикон райтынгы срæвдзы хъуыддаджы.
Фембæлдыл ныхас баххæссыд, лыстæг æмæ астæуккаг бизнес бааъаз кæныны æрдæм Гуырдзыстоны хицауады арызт къахдзæфтæм, кæцыйæн йæ нысан ног куыстбынæтты саразын æмæ мæгуырдзинадыл фæтыхуын. Немыцаг фарс æвæрццаг аргъ скодта Гуырдзыстоны премьер-министры ахаст æрдзхъахъхъæнынадмæ – «Цъæх Экономикæ».
Премьер-министр æмæ минæвар афтæдæр фæныхас кодтой президентон æвзæрстыты фæдыл. Мамука Бахтадзе банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад зæгъгæ ацы хатт дæр срæвдз кæндзæн æвзæрст саразын сæрибар, рæстаг, рухсдзыд аууæлтты, демократийы бæрзонд стандарттæм æмбæлгæйæ ауадзын.
Информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны хицауады администрацийы пресс-куыст.
Официалон информаци Меркелы визиты бæлвырд датæмæ гæсгæ нæ хæлиу кæны, фæлæ Фыццаг Къаналы информацийæ, Германийы канцлер, Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн августы иннæ æрдæджы.