Ангела Меркелы хъуыдымæ гæсгæ, Брекситы датæ 2020 азмæ ахæцын, гæнæн ис
Германийы канцлер Ангела Меркелы хъуыдымæ гæсгæ, Брекситы датæ 2020 азмæ ахæцын, гæнæн ис. Уый фæдыл Меркел Берлины, Тереза Мэйимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
СТыр Британийы премьер-министримæ 90 минутон бадзырдты фæстæ, Ангела Меркел банысан кодта, цæмæй Брекситы датæ ахæцын 2019 азы кæронмæ кæнæ 2020 азы райдайæнмæ гæнæн ис.
Германийы канцлеры дзырдæй, зæгъгæ Тереза Мэй дзырлæвæрд ратта, цæмæй уæдмæ цалынмæ Стыр Британи Европаг иугонды уæнг уыдзæн, йæ хæстæ æнæхъæнæй сæххæст кæндзæн.
Брекситы фарста æркæсынæн ныр Тереза Мэй Паризмæ араст ис, цы ран Эмануэль Макронимæ уадзы фембæлд.
Сом Брюсселы Брекситы фарстамæ гæсгæ, уæлрадон самит сырæздзæн. Фембæлды рæстæджы европаг иугонд Брекситы датæ 30-æм июнмæ ахæцыны гæнæндзинадыо фæуынаффæ кæндзæн. Уыцы цауы кæд æмæ Евроцæдисы иу паддзахад уæддæр СТыр Британийы иугондæй фæхицæны датæ ахæцыны ныхмæ уыдзæн, Лондон тыхыбын бауыдзæн Евроцæдисæй 2019 азы 12 апрелы цы бадзырдмæ æрцыд æнæ уый фæхицæн уа.