Анджей Дуда – Польшæ сразы уыдзæн уыцы плантимæ, кæцытæн сæ нысан у Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн фарс рахæцын
Æхсызгон уыдзæн Евросоветы тыхархайдæн фарсрахæцын Украинайы архайадон планæй, кæцы фокусиргонд у фæразондзинадыл, сног кæнын æмæ реконструкцийыл, уый ноджы иу хатт бæлвырд кæны нæ организацийы æмбæлондзинад æмæ нысаниуæг, Польшæ сразы уыдзæн ацы архайадон планимæ, афтæ куыд уыцы плантимæ, кæцытæн сæ нысан уыдзæн Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйæн фарс рахæцын – уый фæдыл Польшæйы преиздент Анджей дуда райхъусын кодта.
Дуда Рекьявикы саммитыл куыд фехъусын кодта афтæмæй, хъуамæ адарддæр уа кусын цæмæй фæтагъддæр уа прогресс Гуырдзыстоны Евроцæдисы æрдæм фæндагыл.
«Польшæ, куыд æнæ иу агресси амæттаг, дзæбæх зоны бæрнондзинад сифтонг кæныны нысаниуæг хæсты рæстæджы сæххæст фыдракæндыты тыххæй Украинайы. Адæймагад ныхмæ фыдракæндтæ æмæ хæсты фыдракæндтæ хъуамæ æрцæуой æфхæрд æххæст масштабæй, цалынмæ алы фыдгæнæг дзуаппмæ лæвæрд не рцæудзæн æмæ цалынмæ алы амæттаг нæ райсдзæн компенсаци фыдæбоны тыххæй уæдмæ. Æхсызгон уыдзæн Евросоветы тыхархайдæн фарсрахæцын Украинайы архайадон планæй, кæцы фокусиргонд у фæразондзинадыл, сног кæнын æмæ реконструкцийыл, уый ноджы иу хатт бæлвырд кæны нæ организацийы æмбæлондзинад æмæ нысаниуæг, Польшæ сразы уыдзæн ацы архайадон планимæ, афтæ куыд уыцы плантимæ, кæцытæн сæ нысан уыдзæн Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйæн фарс рахæцын. Нæ фæлтæрддзинадæй зонæм, цæмæй Евросоветы æххуыс сæрмагондæй нысаниуæгджын у йæ уæнг бæстæтæн, кæцытæ хъавынц Евроцæдисы уæнг суæвын. Хъуамæ адарддæр кæнæм иумæ кусын, цæмæй фæтагъд кæнæм прогресс Ныгуылæн Балканты бæстæты, Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы Евроцæдисмæ фæндагыл» – райхъусын кодта Дуда.