Анджей Дуда - Польшæ Гуырдзыстон æмæ Украинайы хæдбардзинады, суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинады сæрыл хæцын дарддæр кæны
Польшæ, Гуырдзыстон æмæ Украинайы хæдбардзинады, суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинады сæрыл хæцын дарддæр кæны, – ацы фидиуæн Польшæйы президент ИНО-йы генералон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы сарызта.
Анджей Дудайы дзырдæй, паддзахадон арæнты тыхæй спайдайæ ивд ма хъуамæ цæуой.
«Фæнды мæ ноджы иу хатт зæгъон, цæмæй алы бæстæйæн ис хæдбардурдзинады бар. Польшæ уыд æмæ баззайдзæн Гуырдзыстоны æмæ Украинайы суверенитеты, хæдбардзинады æмæ территорион æнæхъæндзинады хъахъхъæнæг. Паддзахадон арæнтæ тыхæй ивд ма хъуамæ цæуой. Польшæмæ, кæцы уæззау зиан баййæфта ивгъуыд æнусы, æххæст моралон бæрн ис, амæй дырысдæр æмæ æхаххгондæй ныхас кæна. Мах афтæ архайæм раст, сабырады æмæ сæрибардзинады номæй, кæцы Польшæйæн афтæ зынаргъ у», – райхъусын кодта Польшæйы лидер.