Анджей Дуда – НАТО-ы саммитыл сæрмагонд хъусдард раздахын хъæуы Украина æмæ Гуырдзыстонмæ, Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæмæ иннæ цалдæр къуырийы лæвæрд хъуамæ уа Евроцæдисы кандидаты статус
НАТО-ы саммитыл сæрмагонд хъусдард раздахын хъæуы Украина æмæ Гуырдзыстоны уæвæг уавæрмæ – уый фæдыл Польшæйы президент Анджей Дуда Бухаресты, Румынийы президент, Клаус Йоханимæ иумæйаг пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Польшæйы президенты дзырдæй, Украниа æмæ Гуырдзыстонæн æдасдзинады фарста, фундаментон нысаниуæг хæссы, цæй тыххæй дæр НАТО-Укранайы æмæ НАТО-Гуырдзыстоны комитетты рабадтытæ хъуамæ ацæуæд.
Анджей Дуда афтæмæдæр банысан кодта, ома Румыниимæ иумæ, хахх кæнынц Украинайы , Молдовйы æмæ Гуырдзыстоны европаг перспективæ.
«Адон хъуамæ уой уыцы бæстæтæ, кæцытæм æввахс фидны фактонæй иннæ цалдæр къуырийы лæвæрд хъуамæ уа Евроцæдисы кандидаты статус. Уыдонæн æххуыс хъуамæ уа ифтонггонд, кæцы сæрмагондæй хъæугæ уыдзæн Украинайæн хæсты фæстæ сæндидзын кæнынæн», – загъта Польшæйы президент.
Йæхи æрдгæй, Румынийы президент банысан кодта, цæмæй Румыни æмæ Польшæ разы сты Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграциимæ.