Анджей Дуда – Нæй нæм исты уырнинаг бæлвырдгæнæнтæ, цæмæй чи фехста ракета, гæнæн ис уый уа уырыссаг ракета, фæлæ нырма фæдагуырд дарддæр кæны
Польшæйы президент Анджей дуда хъусын кæны, цæмæй бæстæмæ нырма нæй конкретон бæлвырдгæнæн, цæмæй чи фехста ракетæ, кæцы Польшæйы территорийыл æрхауд.
«Ацытæккæ нæм нæй исты хуызы уырнинаг бæлвырдгæнæн, цæмæй чи фехста ракета. Стыр æвæццæгæнад ис уый фæдыл ома уый уыд уырыссаг ракета, фæлæ нырма цæуы фæдагуырд», – райхъусын кодта Анджей Дуда.
Уæдмæ Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министрад ахæлиу кодта фидиуæн, кæцымæ гæсгæ дæр, бæстæйы территорийыл хауд ракета Уæрæсейы конд у, фæлæ фидиуæны конкретгонд нæу, кæцæй уыд æхст фæнысангонд ракета. Уагдонмæ фæсидтысты Уæрæсейы минæвары.
Æрцæугæйы фæдыл фидиуæн сырæзт АИШ-ы президент. Джо Байдены фидиуæнæй къаддæр æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй Польшæйы территорийыл æрхаугæ ракета Уæрæсейæ фехстой.