Анджей Дуда хъусын кæны, цæмæй Польшæ цæттæ у атомон хæцæнгарз йæ территорийыл  бафснайын, кæд  НАТО аскуыддзаг кæндзæн хурыскæсæн флангы   стынг кæнын
Анджей Дуда хъусын кæны, цæмæй Польшæ цæттæ у атомон хæцæнгарз йæ территорийыл бафснайын, кæд НАТО аскуыддзаг кæндзæн хурыскæсæн флангы стынг кæнын

Польшæйы президенты фидиуæнæй,  зæгъгæ Польшæ  цæттæ  у  сæвæра  атомон хæцæнгарз йæ  территорийыл, кæд æмæ НАТО аскуыддзаг кæндзæн  хурыскæсæн  флангы стынг  кæнын.

«Уæрæсе, Кенигсбергы зылды  милитаризаци рæзын кæны. Цъус рæстæг размæ  Уæрæсе  атомон хæцæнгаз   сæвæрдта  Белорусы. Кæд  æмцæдисонтæ аскуыддзаг кæндызсты   атомон хæцæнгарзы нæ территорийыл   сæвæрын, цæмæй  сфидар кæной НАТО-йы  хурыскæсæн флангы  æдасдзинад, уæд мах уымæ  цæттæ стæм», – райхъусын кодта польшайаг медиаимæ  интервьюйы  Анджей Дуда.

Дудайы  дзырдæй, зæгъгæ ацы фарста  бæрæг  периоды дæргъы  у   Польшæйы æмæ АИШ-ы  æхсæн бадзырдты темæ.

«Уый фæдыл цалдæр хатт   фæныхас кодтой.   Хъуамæ бæлвырд зæгъон, цæмæй мæ  уый тыххæй  куы бафарстой, уæд æз нæ  цæттæдзинады тыххæй  загътон», – дзуры  Дуда.

Дзуаппæн Крмелы спикер, Дмитрий Песков  загъта, цæмæй «Уæрæсе  сараздзæн хъæугæ къахдзæфтæ, цæмæй Уæрæсейы  æдасдзинад  гарантиргонд уа».

Бæрæгдзырдæн, Польшæйы президент  ивгъуыд къуырийы  уыдис Нью-Йоркы, цы ран уый  Дональд Трампимæ  фембæлдис. Польшайаг медиаимæ  ныхасы рæстæджы Дуда Трампы  йæ хæларæй  схуыдта.