Анджей Дуда – ис мæм иу æрвитæггаг, хъуамæ  саразæм дырыс фæндаг Украинайæн, цæмæй  уый суа   НАТО-йы  уæнг
Анджей Дуда – ис мæм иу æрвитæггаг, хъуамæ саразæм дырыс фæндаг Украинайæн, цæмæй уый суа НАТО-йы уæнг

Алы польшайаг,  Польшæйы дзыллæ æмбары, цæмæй фылдæр   хардз кæнын хъуамæ бауарза нæ цæст  нæ  хъахъхъæнынадæн, цæмæй райрæзын кæнæм  æфсæддон фадæттæ – уый фæдыл  Польшæйы  президент  Анджей Дуда, Вильнюсы  саммиты  райдаыны онг  журналистты  фарстытыл  дзуаппы рæстæджы  райхъусын кодта.

Анджей Дуда  куыд банысан кодта афтæмæй,   Польшæ Украинайы сыхаг у, ныр Уæрæсе ныббырста Укрианамæ  æмæ цæуы æбуалгъ  хæст.

«Мах  зонæм, цы нысан кæны уый.  Милуангай  украинаг   лигъдон нын ис  Польшæйы.   Алы  польшайаг, Польшæйы дзыллæ  æмбары, цæмæй фылдæр   хардз кæнын хъуамæ бауарза нæ цæст  нæ  хъахъхъæнынадæн, цæмæй райрæзын кæнæм  æфсæддон фадæттæ. Уый у  скуыддзаггæнæг  æмæ уый тыххæй  райстам  æмбæлгæ  уынаффæ.  Ис мæм иу  æрвитæггаг.  Мах хъуамæ саразæм дырыс фæндаг Украинайæн, цæмæй  уый  суа  НАТО-йы  уæнг», – райхъусын кодта Анджей Дуда.