Андриус Кубилиус – Стратегион  иудзинад у  дæгъæл, Гуырдзыстоны  евро-атлантикон  интеграцийы амбицийæн
Андриус Кубилиус – Стратегион иудзинад у дæгъæл, Гуырдзыстоны евро-атлантикон интеграцийы амбицийæн

Стратегион  Иудзинад  у  дæгъæл, Гуырдзыстоны  евро-атлантикон  интеграцийы амбицийæн –  хъусын кæны «elpnariai.lt»-ы публикацигонд статийы  европарламентар  Андриус Кубилиус.

«Гуырдзыстоны политикон  истеблишмент,  кæцымæ хауынц политикон фарсытæ иууылдæр, хъуамæ  æрныхас кæна, цæмæй  æрцæуа национ консессусмæ  Гуырдзыстоны  стратегион  нысæнттæм, евро-атлантикон интеграцийы фæдыл, кæцыимæ сразы уыдзæн  æххæстæй  функцион  парламент.

Ацы бадзырд, гæнæн ис,  скуыддзаггæнæг роль сыххæст кæна  Евроцæдисы æмæ НАТО-мæ интеграцийы   националон  стратегийы  арæзты.  Æндæр фарстæтимæ иумæ ма  уый  æххæссы  архайадон пъланмæ, кæцы æххæссы  æвзарæнон æмæ  паддзахадон  хицаудзинады  реформæмæ. Ахæм  фæндæй та, Гуырдзыстоны амбици, ома 2024 азмæ  спайда кæна  Евроцæдисы  уæнгсуæвыны  куырдиатæй, позитивон  къахдзæф у,  кæцы домы  иууон националон  политикон  фæндон», – фыссы Кубилиус.

Кубилиусы  дзырдæй,  «Уардиты Революцийы» фæстæ, Гуырдзыстон æвдисы  дырыс амбици  Евро-атлантикон интеграцийы фæдыл.

«Ацы æрдæм Гуырдзыстоны æнтыст иттæг нысаниуæгджын у, æнæрмæст Гуырдзыстонæн, фæлæ ма  æнæхъæнæй  Хуссар Кавказы регионæн. Регионы  уæвæг  геополитикон  быцæусидты фоныл, Гуырдзыстоны  айтынггонд фæзындтæн  гæнæн ис, стыр æндæвдад уа  Скæсæн Партнерады бæстæтæм, Уæрæсемæ æмæ   уымæ гæсгæ  дæр  æппæт дунемæ.

Уырны нæ Гуырдзыстоны  политикон  хицаудзинады дыууæдæр фарсы  хъомылдзинад.  Уый у  скуыддзаггæнæг  момент  демократон  Гуырдзыстоны  историйы, политикон  æнæстабилондзинады аргъ та,  гæнæн ис,  æгæр бæрзонд уа  æмæ  дæргъвæтин æндæвдад  скæна  Гуырдзыстоны фидæныл», – хъусын кæны Кубилиус.