Андриус Кубилиус хъусын кæны, цæмæй коронавирусимæ тохæн рауæлдайгонд æххуысы нысаниуæгджын компонент баст у, Гуырдзыстон йæхимæ цы хæстæ райста уыдонимæ
Евроцæдисы Гуырдзыстонæн солидарондзинады нысанæн, цы суммæтыл æрныхас кодтой уыдонæй уæлдай, 500 милуан евройæ фылдæр сифтонг кæндзæн «Ковид-19»-ы проблемæ аскуыддзаг кæнынæн æмæ экономикæ сæндидзын кæнынæн. Æххуыс баст у реформæты прогрессимæ, закъоны сæйрагдзинадимæ, тæрхонон æмæ æвзарæнон реформæимæ, – уый фæдыл Лиептувæйы раздæры премьер-министр æмæ европарламентар Андриус Кубилисус фыссы «Твиттеры».
Евронесты парламентон ассамблейы Европаг парламенты делегацийы сæрдар Андриус Кубилиус афтæдæр публикаци кæны сæрмагонд уæрæх куырдиаты текст, кæцыйы мидæг Гуырдзыстонæн Евроцæдисы æххуысы тыххæй дзырдæуы.
«Европарламенты сæрдармæ куыд æмбæлы афтæ Евронесты парламентон ассамблейы, мæ фæнды хъусдард раздахын уыцы стыр æххуысыл, кæцы 500 милуан евройæ фылдæр у æмæ кæцыйы Евроцæдис æмæ йæ æхсæнадæмон партнертæ Гуырдзыстонæн дæттынц, цæмæй сæххæст кæна реформæтæ, тох кæна «Ковид-19»-ы пандемиимæ æмæ йæ социалон æмæ экономикон фæстиуджытимæ.
Ацы æххуысы нысаниуæгджын компонент баст у Гуырдзыстон йæхимæ цы хæстæ райста, сæрмагондæй та закъоны сæйрагдзинады, коррупциимæ тохы, æвзарæнон реформæйы, эконмикон фæткдариуæгы æмæ рухсдзинады сферæты.
Цæттæ стæм баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн, цæмæй йæм уа сегасдæр бæрзонд стандартты тæрхонон системæ æмæ рухсдзыд æвзарæнон процесс æмæ алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй баххуыс кæнæм Гурдзыстонæн æмæ йæ адæмæн, фæхæст уæт максималон пайдайыл æргом демокративон хицауиуæгæй, адæймаджы барты хъахъхъæдæй, экономикон рæзынадæй æмæ фарнæй», – райхъусын кодта Кубилиус.
Андриус Кубилиусы дзырдæй, зæгъгæ йæм ныфыс ис, цæмæй иу бон Гуырдзыстон цæттæ уыдзæн Евроцæдисы уæнгæй суын.