Андрей Сибига - Украинæ активонæй кусы гуырдзиаг æмæ молдоваг фарсимæ, цæмæй Уæрæсе-Гуырдзыстоны арæныл уæвæг æмбæстæгтæ Украинæмæ аргъæвой
Андрей Сибига - Украинæ активонæй кусы гуырдзиаг æмæ молдоваг фарсимæ, цæмæй Уæрæсе-Гуырдзыстоны арæныл уæвæг æмбæстæгтæ Украинæмæ аргъæвой

Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Андрий Сыбига сиды, цæмæй Украинæ активонæй кусы гуырдзиаг æмæ молдоваг фарсимæ иумæ, цæмæй Уæрæсе-Гуырдзыстоны арæныл уæвæг æмбæстæгты Украинæмæ аргъæвой.

Уый фæдыл  Сибига  ныффыста социалон хыз X-ы.

«Июны мæйæ Уæрæсе нысаниуæгджынæй фæфылдæр кодта Гуырдзыстоны арæнмæ депортиргонд украинаг æмбæстæгты нымæц, кæцыты фылдæр хай сты раздæры тæрхонгондтæ. Уый фæстиуæгæн дæсгай адæймаг, кæцытæй бирæтæн нæй æмбæлон документаци, транзитон зонæйы сты æрцахст. Украинæйы консултæ активонæй кусынц сæ документтæ бахъахъхъæныныл æмæ сæ Украинæмæ Модовалы фæрцы ласыныл ныридæгæн ис 43 æмбæстаг. ацы фæндагыл эвакуацигонд æрцыдысты, уыцы нымæцы раздæры политикон ахæстоны бадæг Андрей Коломец Фæлæ активонæй кусæм гуырдзиаг æмæ молдоваг фарсимæ иумæ, цæмæй ифтонггонд æрцæуа баззайæг адæмы транзит Украинæмæ. Украинæйы æмбæстæгты комкоммæ Украинæйы арæнмæ цæттæ уыдзыстæм сæ уым райсынмæ.

Украинайы президент Владимир Зеленский афтæдæр фарстайы фæдыл дзуапп ратта социалон хызаг X-ы, расидтис, цæмæй йын министр Сибига Уæрæсе-Гуырдзыстоны арæныл украинаг æмбæстæгты уавæры фæдыл информаци лæвæрдта.