Андрей Руденко - Уæрæсейы сконды Хуссар Ирыстоны баиу кæныны фæдыл уынаффæ домы алы факторы зырдæйыл дарын, уый нымæцы, нырыккон геополитикон уавæр
Уæрæсейы сконды Хуссар Ирыстоны баиу кæныны фæдыл уынаффæ домы алы факторы зырдæйыл дарын, уый нымæцы нырыккон геополитикон уавæр, – уый фæдыл Уæрæсейы падздахадон Думайы дзырдæй ралæуды рæстæджы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг, Анлрей Руденко райхъусын кодта.
«Баиу кæныны фæдыл фарста дыууæ фарсы хайад райсын домы. Сæрæй акæсдзыстæм уымæ, цæмæй референдумы рæстæджы куыд схъæлæс кæндзысты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ æмæ уымæ æмбæлгæйæ, анхъæлмæ кæсдзыстæм Уæрæсе Федерацийы реакцимæ. Ам нæ зæрдыл хъуамæ дарæм факторты спектр, уый нымæцы, нырыккон геополитикон уавæр, цас хъæугæ у тæккæ абон ацы уынафæ рахæссын æмæ цас нысанæмраст у уый», – райхъусын кодта Руденко.
Уырыссаг дипломаты дзырдæй, зæгъгæ ацы этапыл Уæрæсе йæ цæст бадардзæн 17 июлмæ плангонд а.х. референдуммæ цæттæдзинадмæ.
Руденко афтæма, Цхинвалы æрдгæй Украинайы уæрæсейы «æфсæддон операцийы» æххуысы тыххæй фæныхас кодта.
Абон Уæрæсейы паддзахадон думайы депутаттæ ратификаци скодтой Цхинвал æмæ Уæрæсейы æхсæн дыууæфарсон æмбæстагады фæдыл а.х. быдзырд. Æмбæлгæ документ Андрей Руденко бавдыста.