Андрей Руденко – Уæрæсе цæттæ у, Украинаимæ бадзырдтæм æрыздæха, кæд уымæ цæттæдзинад Киевæй равдисдзысты уæд
Уæрæсе цæттæ у, Украинамæ бадзырдтæм æрыздæха, кæд уымæ цæттæдзинады тыххæй фехъусын кæндзæн Киев. Уырыссаг медийы хъусинагæй, уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Андрей Руденко райхъусын кодта.
«Бадзырдты процесс мах нæ аскуыдтам, уый аскуыдтой нæ укринаг партнертæ. Куыддæр дзы цæттæдзинад равдисдзысты бадзырдты фынгмæ æрыздæхынмæ, афтæмæй, кæй зæгъын æй хъæуы, æвæрццаг дзуапп ратдзыстæм. Сæйраг у, цæмæй исты æркæсинаг уа», – райхъусын кодта Руденко.
Уыимæ, Руденко, Уæрæсейы æрдгæй Украинайы портты фегом кæныны иуæй-иу домæнæй, уырыссаг продукцийы экспортæн санкцитæ аивын схуыдта.
«Ацы фарста хъуамæ кастæуа тынг комплексонæй æмæ алы æрдæгæй: Кæд нæ партнерты фæнды, уынаффæмæ æрцæуын, уæд хæъуы, уый нымæцы уырыссаг экспортыл æрбайсгæ санкцитæ аивыны фæдыл баст проблемæтæ алыг кæнын», – райхъусын кодта Руденко.