Андрей Касьянов -  Æнусы кад гуырдзыйаг хъайтартæн, кæцытæ  фæхъуыдысты  Украинайы хъахъхъæды рæстæджы
Андрей Касьянов - Æнусы кад гуырдзыйаг хъайтартæн, кæцытæ фæхъуыдысты Украинайы хъахъхъæды рæстæджы

Цыт  кæнæ  нæ гуырдзыйаг хъайтартæн, кæцы сæхи ауæлдай кодтой  Украинайы хъахъхъæды рæстæджы, –  уый фæдыл Украинайы минæварады гæс, Андрей Касьянов  минæварады  уагъд брифингыл   райхъусын кодта.

Андрей Касьянов  сæ ном  ссардта.

«Украинайы гарзджын тыхтимæ иумæ, активон  нын æвдисынц  æхсардзинад æмæ сахъдзинад    барвæндонтæ Гуырдзыстонæй.  Сæ активондзинад тынг тæссаг  у  не знæгтæн.  Украинайы  гарзджын  тыхты  сурзæххон æфсæдды  сæрдарады  хъусинагмæ гæсгæйæ,   гуырдзиаг æфсæддæттæ Украинайы  гарзджын тыхтимæ иумæ, скуынæг кодтой знаджы техникæйы колоннæ. Хъыгагæн, хæстон архæйдтыты рæстæджы  ис  сæфт дæр.  Алкæцы хъайтары  цард у   зынаргъ.  Абон нæ сæр гуыбыр кæнæм нæ  хъайтарты  раз, кæцытæ  сæхи ауæлдай кодтой Украинайы  хъахъхъæды рæстæджы. Украинайæн  снывонд кодтой сегасдæр зынаргъ – сæ цард.  Æнусы  кад сæ нæмттæн. Уыдон кæддæриддæр удæгас уыдзысты нæ  зæрдæты», –  райхъусын кодта Андрей Касьянов.