Андерс фог Расмусен - НАТО фæрæдыди 2008 азы Уæрæсейы æфсæддон потенциалæн аргълæвæрды æмæ ноджы, Украина æмæ Гуырдзыстонæн уæнгдзинады архайадон план куы нæ ратта уæд
НАТО-2008 азы фæрæдыди Уæрæсейы æфсæддон потенциалæн аргълæвæрды æмæ ноджы, Украина æмæ Гуырдзыстонæн уæнгдзинады архайадон план куы нæ ратта уæд, – уый фæдыл НАТО-йы раздæры генералон нымæрдар Андерс фог Расмусен, «Форин полисис»-имæ интервьюйы райхъусын кодта.
Расмусены дзырдæй, зæгъгæ НАТО-ы позициты адих æнæраст сигнал ратта Путинæн, кæцы Гуырдзыстонмæ ныббырста 2008 азы августы саммитæй цалдæр мæйы фæстæ. Дыккаг рæдыд, НАТО-йы раздæры генералон нымæрдары дзырдæй уыд, лæмæгъ реакци Уæрæсе Хъырымы анекси куы с кодта 2014 азы, кæцы рæстæджы æрбайстой «фæлмæн» санкцитæ.
НАТО-ы раздæры къухдариуæггæнæгы дзырдæй, ахæм политикæ Уæрæсейы президентыл скодта тæлмæн, ома йæ бон уыдис адарддæр кæнын зæххытæ тыхæй байст зæгъæн ис уæгъдибарæй.
«Путины æгаддзинадæй фервæзын кæнын нæ бон нæу. Путинæн йæ цæсгом бавæрынæн аргъ, уырыссаг æфсæддты Украинайы састæй бирæ зынаргъдæр сбаддзæн. Афтæмæй мæ хатдзæг ахæм у: Украина хъуамæ фæуæлахиз уа ацы хæсты, уымæн æмæ Путин Украинайы æнтыстджын куы бауа, уæд нал ныллæудзæн. Уый адарддæр кæндзæн йæ архæйдтытæ Молдовæйы, Гуырдзыстоны æмæ фæстагмæ афтæ балхъивдзæн Балтийгæрон æртæ бæстæ. Уый тыххæй украинæгтæ хъуамæ фæуæлахиз уой æмæ сæм хæцыны фæнд дæр ис. Нæ хæс у, раттæм сын хæстæрмæджытæ æмæ хъæугæ хотыхтæ», – загъта Расмусен.