Андерс фог Расмусен - НАТО фæрæдыди 2008 азы  Уæрæсейы æфсæддон потенциалæн аргълæвæрды  æмæ  ноджы, Украина æмæ Гуырдзыстонæн   уæнгдзинады архайадон план куы нæ ратта уæд
Андерс фог Расмусен - НАТО фæрæдыди 2008 азы Уæрæсейы æфсæддон потенциалæн аргълæвæрды æмæ ноджы, Украина æмæ Гуырдзыстонæн уæнгдзинады архайадон план куы нæ ратта уæд

НАТО-2008 азы фæрæдыди Уæрæсейы  æфсæддон потенциалæн аргълæвæрды  æмæ  ноджы, Украина æмæ Гуырдзыстонæн   уæнгдзинады архайадон план куы нæ ратта уæд, –  уый фæдыл НАТО-йы  раздæры  генералон   нымæрдар  Андерс фог Расмусен, «Форин полисис»-имæ  интервьюйы  райхъусын кодта.

Расмусены дзырдæй, зæгъгæ НАТО-ы  позициты адих  æнæраст сигнал  ратта  Путинæн, кæцы  Гуырдзыстонмæ  ныббырста  2008 азы  августы саммитæй   цалдæр мæйы фæстæ.  Дыккаг рæдыд, НАТО-йы  раздæры  генералон нымæрдары  дзырдæй  уыд,  лæмæгъ реакци  Уæрæсе  Хъырымы анекси куы с кодта 2014 азы,  кæцы рæстæджы æрбайстой  «фæлмæн»   санкцитæ.

НАТО-ы раздæры  къухдариуæггæнæгы дзырдæй,  ахæм  политикæ  Уæрæсейы  президентыл скодта  тæлмæн, ома  йæ  бон уыдис адарддæр кæнын   зæххытæ  тыхæй  байст  зæгъæн ис уæгъдибарæй.

«Путины æгаддзинадæй    фервæзын кæнын нæ бон нæу.  Путинæн  йæ цæсгом бавæрынæн   аргъ,  уырыссаг æфсæддты  Украинайы  састæй   бирæ зынаргъдæр сбаддзæн.  Афтæмæй  мæ   хатдзæг ахæм у:  Украина хъуамæ  фæуæлахиз уа  ацы  хæсты, уымæн  æмæ  Путин   Украинайы  æнтыстджын куы  бауа,  уæд нал ныллæудзæн.  Уый адарддæр кæндзæн   йæ архæйдтытæ Молдовæйы, Гуырдзыстоны æмæ фæстагмæ  афтæ  балхъивдзæн  Балтийгæрон  æртæ бæстæ. Уый тыххæй украинæгтæ  хъуамæ  фæуæлахиз уой æмæ сæм хæцыны  фæнд дæр ис.  Нæ хæс у,  раттæм сын  хæстæрмæджытæ æмæ  хъæугæ хотыхтæ»,  – загъта Расмусен.