Аналена Бербок – Бæрæг у, цæмæй Украина стынг кæндзæн Евроцæдисы æввахс фидæны, уæнгсуæвыны перспективæ афтæдæр хъуамæ уа Молдовæ, Гуырдзыстон æмæ Ныгуылæн Балкъанты бæстæтæн
Германийы фæсарæн хъуыддæгты министры фидиуæнæй, Украина æввахс фидæны Ервоцæдисы стынг кæндзæн Аналена Бербок ма бахахх кодта æнæмæнæгхъæуындзинад, ома Евроцæдисы уæнгсуæвыны перспективæ хъуамæ уа Гуырдзыстонæн, Молдовæйæн æмæ Ныгуылæн Балкъанты бæстæтæн.
Ацы фидиуæн Аналена Бербок «Цæдис 90/Цъæхты æмбырдыл дзырдæй ралæуды рæстæджы сарызта, кæцы рæстæджы 2024 азмæ плангонд европарламенты æвзæрстыты программæ кастысты.
Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр Евроцдæисы стынг кæныны æмæ реформæтæм сидтæй рацыд. Ацы контексты уый фæныхас кодта Евроцæдисы архайæг «æмуддзинады принципы» фæивыны æнæнæмæнг хъæуындзинадыл, кæцымæ гæсгæйæ Евроцæдис æддагон политикон фарстатыл уынаффæ рахæссыны рæстæджы архайы.
«Абон бæрæг у, цæмæй Украина стынг кæндзæн Евроцæдисы æввахс фидæны. Украинайы уæнгсуæвын нæ геополитикон интерестæм цæуы. Европæйы а.х. фæныкгъуыз зонæтæ мауал хъуамæ баззайа», – райхъусын кодта министр.
Бербок афтæдæр дзырд ратта, цæмæй Берлин адарддæр кæндзæн Киевæн æфсæддон æмæ æндæр хуызы фарсхæцын. Уый ма афтæдæр загъта, цæмæй фæстаг периоды Уæрæсе архайы Евроцæдисы иудзинад фехалын.
«Фæстаг къуыриты нæ иудзинад фæлварæны раз лæууы Æввахс Скæсæны уæвæг уавæры тыххæй, цы ран æцæгæй куы зæгъæм, кæддæриддæр нæ бафæразæм иумæйаг цæстæнгасмæ æрцæуын, куыд европæгтæ», – банысан кодта Аналена Бербок.