Анаклиайы порты арæзтадон куыстытæм æхсæнадæмон тендеры тыххæй райхъусын кодтой
Дунейон Банкы балхæды процедурæмæ гæсгæйæ, Анаклиайы порты денджызон инфстрастурктурæйы проектиркæныны æмæ арæзтадон куыстыты сыххæст тыххæй, æхсæнадæмон тендеры фæдыл райхъусын кодтой.
Информаци уый фæдыл публикаци кæны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрад.
Тендерон документаци стыр цыппары компанитæй (Boskalis, DEME, Jan De Nul, Van Oord) цы хонынц, уыднмæ уыд æрвыст.
«Нысаниуæгджын у, цæмæй порты арæйнон куыстыты стыр хай у денджызы бын фæарфдæр кæныны æрдгæй, æрмæст фæнысангонд компанитæ глобалон фæарфдæры/арфгæнæг флоты 80 проценты хицæуттæ сты.
Куыстыты балхæды тендерон документацийы европаг компанитимæ («Стр Цыппар») арвитын цас нысанæмраст у уый æхсæнадæмон консультацион компани «HAEDES B.V»-имæ консультацийы фæстиуæгæн фæбæрæг ис. Фæнысангонд компани ÆÆ «Анаклиайы денджызон наулæууæн» куыстыты, дзæбæх æмæ хæрзгъæд сыххæсты, техникон рарды æрцæттæйы æмæ стæй бавдыст æнхъарæнты равзæрст-аргълæвæрды нысанæн баххуырста.
Фæнысангонд балхæдæн спайда кæндзысты иуэтапджын балхæды процедурæйæ, лимитиргонд æхсæнадæмн базары ахасты фæрцы. Хуынд претенденттæ тендерон æнхъарæнтæ хъуамæ бавдисон техникон æмæ финансон æрдгæй.
Уæлахиздзауыл нымад æрцæудзæн æнхъарæн, кæцы æмбæлон уыдзæн равзарæн домæнтæм æмæйын уыдзæн æмтгæйон (техникон æнхъарæны балл + финансон æнхъарæн балл) бæрзонддæр баллтæ уыдзæн.
Анаклиайы порты проекты сыххæст йæ къух сараздзæн мингай ног куыстбынаты сæвзæрын кæнынæн, бынæттон цæрджыты социалон-экономикон уавæры фæхуыздæрæн, Гуырдзыстоны уылты транспортон кæлидоры конкурентхъомады сбæрзонддæрæн, Гуырдзыстоны уылты уæзты ног къадайы ласынæн, афтæма наулæууæны цур, индустрийы æмæ логистикон сервисты райрæзтæн» – дзырдæуы Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрады информацийы.