Ана Долидзе - Парти «Адæмæн» бынæттон хиуынаффæйады æвзæрстыты хайад райсыны уынаффæ æнæбындур у
Парти «Адæмы сæраппонд» рахаста уынаффæ, цæмæй бынæттон хиуынаффæйады æвзæрстыты хайадист æнæбындурон у – уый фæдыл парти «Адæмы сæраппонд»-ы сæрдар Ана Долидзе абоны брифингыл расидтис.
Долидзейы ныхасмæ гæсгæ, рæстадон ног парламентон æвзæрстыты ауадзын хъуамæ уа уыцы нысан, кæцыйыл сæ хъус æрдардзысты.
«Уыцы рæстæг парти «Адæмы сæраппонд» рахаста уынаффæ, цæмæй бойкотмæ нæ баиу уыдзыстæм.Бæстæйы æнæмæт зæрдæйы уавæры, мах хъуыды кæнæм, цæмæй раст нæу рæстæг æмæ фæрæзтæ сафын, хъæуæй-хъæумæ, горæтæй-горæтмæ цæуын æмæ адæммæ сидын, цæмæй исты ма аразой. ахизын сæйраг нысанæй, кæцы хуыйны Европæмæ баиу æмæ уый тыххæй, политикон ахæстты ссæрибар кæнын, рæстадон ног парламентон æвзæрстыты ауадзын хъуамæ уа уыцы нысан, кæцыйыл мах концентрир кæнæм», -расидтис Ана Долидзе.