Ана Долидзе коалици «Тыхджын Гуырдзыстоны» ныууагъта
Ана Долидзе коалици «Тыхджын Гуырдзыстоны» ныууагъта

Анна Долидзе «Тыхджын Гуырдзыстоны» коалицийæ рацыд. Уый тыххæй ныффыста социалон хызæгты.

Долидзе куыд фыссы афтæмæй,  ныр рæстæг у, цæмæй парти «Адæмæн» йæхи нысæнттæ æмæ хæслæвæрдтæм æрыздæха.

«Хæлæрттæ, мах райстам уынаффæ «Тыхджын Гуырдзыстоны» коалицийæ ныууадзын æмæ хæдбар архайдмæ æрыздæхын.

Стыр бузныг æппæт уыцы адæймæгтæн, кæцытæ æвзæрстыты схъæлæс кодтой парти «Ана Долидзе – Адæмы сæраппонд»-æн æмæ уыцы-иу рæстæджы æууæндыдысты «Тыхджын Гуырдзыстоныл».

Нæ сæйраг хæс ма уыд, цæмæй Бидзина Иванишвилийæн раттæм фадат уæ хъæлæстæ адавын æмæ Гуырдзыстоны европæйаг курсæн зиан æрхæссын. Уый тыххæй нæ амбицитæ æмæ нæ нысантæ иуварс æрæвæрæм. Нæ сæйраг хæс уыд Гуырдзыстоны интерестæ æмæ уарзондзинад.

Уыимæ иумæ сарæзтам коалицион æмкуыстдзинады диссаджы традици, кæцыйы æнæмæнгæй бахæссдзыстæм æмæ адарддæр кæндзыстæм фидæны дæр, кæцы афтæ цух у гуырдзиаг политикон культурæйы. Фæлæ ныр у Парти «Адæмæн»-æн йæ нысæнттæ æмæ хæстæм æрыздæхыны рæстæг. Махæн ис активон æмкуыстдзинад Европаг социалистты партиимæ æмæ ацы æмкуысткæнынад хизы ног этапмæ, уымæн æмæ нæм ис амбици, суæм Европаг социалистты партийы цæстдарæг уæнг.

Мах хъуыды кæнæм, цæмæй ацы æмкуысткæнынад тынг нысаниуæгджын фадат у, цæмæй парти «Адæмæн» хæдбарæй рæза, адарддæр кæна Гуырдзыстоны æмбæстæгты интересты хъахъхъæд æмæ нысаниуæгджынæй æххуыс кæна нæ европон æвзæрстæн», – фыссы Ана Долидзе.