Америкаг  журнал  Time Саакашвилийы  бахаста  2018 азы   агуырдмæ лæвæрд   политикъты ранымадмæ
Америкаг журнал Time Саакашвилийы бахаста 2018 азы агуырдмæ лæвæрд политикъты ранымадмæ

Америкаг  журнал  Time Гуырдзыстоны раздæры президенты,   2018 азы   агуырдмæ лæвæрд   политикъты ранымадмæ бахаста.   Рауагъдад куыд фыссы афтæмæй,  номхыгъды   сты уыцы  агуырды уæвæг политиктæ, кæцытæ 2918  азы   сæхи æрдæм балвæстой медийы  сегасæй стыр   хъусдард.

Саакашвилийæ уæлдай   ранымады сты:  Каталонийы раздæры  лидер Карлес Пуичдемон,  веб-фарс  «Викиликсы»  бындурæвæрæг  Джулиан Ассанж, Эрдогъаны  критик Фетулла Гюллен  æмæ Косовойы  раздæры   премьер-министр  Рамуш Харадинадж.

Публикацийы  ныхас цæуы   агурыды  уæвæг политикты   историты фæдыл дæр.

«Ахуырад  райста Ныгуылæны,   Саакашвили уыд  «Уардиты Революцийы»  иуæй-иу  лидер.  Гуырдзыстоны   презденты   пост ныуууадзыны  фæстæ йæ  фæазымджын кодтой   бюджеты  паплойы  æмæ  адæймаджы барты  æфхæрды.  Фæстæдæр  уый  Украинæйы   президенты  æнхъарæнимæ сразы ис  æмæ  Одессæйы  губернатор ссис» –  фыссы  Time Саакашвилйиы фæдыл.

Рауагъдады   хъусинагæй  2016 азы   Саакашвили   губернаторы  пост ныууагъдта  æмæ   Украинæйы  хицауады фæазымджын кодта  коррупцийы.

Статийы  банысангонд у,  цæмæй   Саакашвили   дунейы   медийы  хъусдард  фæстагмæ  уæд баздæхта йæхимæ,   уый Украинаг барадхъаххъæнджытæй,   Киевы  иуæй-иу хæдзары   уæлхæдзарæй  куы алыгъдис.