Америкаг конгрессментæ – Путины Уæрæсейы ныхмæ уагæвæрд хъуамæ æрцæуа куынæггæнæг санкцитæ
Америкаг конгрессментæ Уæрæсейы ныхмæ санкциты фæкарздæр кæныны инициативæ бавдыстой. Ног закъонопроекты автортæ сты куыд республикæгтæ, афтæ демократ зæкъондæтджытæ. Сæ нымæцы сты Линдси Грем, Джон Маккейн, Джон Шахин, Боб Мемендес, Бен Кардин æмæ æндæртæ.
Линдси Грем куыд дзуры афтæмæй, абон архайæг санкцион режим Уæрæсейы тыхыбын нæ бакодта АИШ-ы æхсæйнаг æвзæрстытæм хифæкæныныл нæ зæгъын. «Нæ нысан у, фæивæм статус кво æмæ æрфидар кæнæм куынæггæнæг санкцитæ Путины Уæрæсейы æрдæм, уæдмæ цалынмæ Уæрæсе нæ бауромдзæн АИШ-ы æвзарæнон процессмæ хитъыссын, нæ бауромдзæн кибер-бырстытæ АИШ_ы инфраструктурæмæ, нæ акæндзæн йæ æфсад Украинæйæ æмæ нæ бауромдзæн архæйдтытæ, кæцы уагъд сты Сирийы хаос сцырын кæнын æрдæм»- хъусын кæны сенатор Грем.
Документы автортæ куыд дзурынц афтæмæй, закъонопроект максималонæй тызмæг санкцитæ æрбайсын дары йæ хъуыдйы, кæцы Путинæн, фæсæфын кæндзæн, америкаг демократийæн бын къахыны фæндон. Гремы дзырдæй, Путин фæстæмæ тас хæссы АИШ-æн æмæ йæ æмцæдисонтæн.
«Ацы закъон фæтыхджындæр кæндзæн æлхъывдад Кремлыл æмæ банкъарын кæндзæн Путинæн, цæмæй АИШ-æ йын йæ архæйдтытæ нал фæбардзæн» дзуры закъоны ноджы иу автор Боб Менендес.
Проекты автортæ сидынц АИШ-ы паддзахадон департаментмæ, Уæрæсе æмæ йæ æмцæдисон Иран æмæ Сирийæн, терроризмы фарсхæцæг паддзахады статус раттыны фарста æркæса. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Трампы ажминистраци ма хъуамæ сфæлхатт кæна Обамайы рæдыдтытæ æмæ Уæрæсеимæ æмахасты фæхуыздæр кæныныл мауал хъуыды кæна, уæдмæ цалынмæ Путины Уæрæсейы архæйдтытæ нæ фæивдзысты.
Сенатор Джон Маккейн куыд хъусын кæны афтæмæй, Путины ныхмæ санкцитæ максималонæй хъуамæ фæказдæр уа æмæ закъонæн схъæлæс кæнæт республикæгтæ æмæ демократтæ дæр, уымæн æмæ Путины режимы нысан, америкаг адæмы æмæ Америкæйы алы æнтыстæн сæ бын ракъахын у.
Закъонопроект йæ хъуыдыйы дары, цæгататлантикон альянсæй АИШ-ы рахизыныл арæнæвæрд сбæлвырд кæнын, кæцы сæ хъуыдымæ гæсгæ, æнæ Сенаты разыдзинадæй, æнæрцæугæ хъуамæ скæна. Ацы рæстæджы сенатортæ рацыдысты инициативæйæ, райрæза НАТО-йы уæнг уыцы паддзахадтæн æххуыс, кæцытæ нырма ноджы баст сты Уырыссаг хотыхтыл.
Афтæдæр, закъонопроектмæ гæсгæйæ, паддзахадон депратемнты хъуамæ сырæза, киберæдасдзинады центр, кæцы кибер-тыгъдады уæвæг тасы ныхмæ политикæ бакусдзыæн æмæ æмбæлон амæлттæ ауадздзæн. Проекты авторты ныхæстæм æгсгæ, санкцитæ хъуамæ æрбайсой куыд Уæрæсейы политикон фигурæты, афтæ олигархты æмæ сæ бинонты уæнгты ныхмæ дæр, кæцытæ афтæдæр хайад исынц, коруппцийы æмæ баст сты Путинимæ.