Америкæйы Æхсæнадæмон Рæзынады Агентад, «Рæстаг Æвзæрстыты» фæдыл фидиуæн аразы
USAID аргъ дæтты дæргъвæтин, æнгом æмгуыстадæн хæдбар æмæ объективон организациимæ «Рæстаг Æвзæрстытæ æмæ Демократийы Æхсæнадæмон Æхсæнад» (ISFED). Нæ æмгуыстадæй æнцой дарæм демократийы райтынгæн Гуырдызстоны – уый фæдыл банысангонд у Америкæйы Æхсæнадæмон Рæзынады Агентады USAID-ы фидиуæны, кæцы организацийы фейсбукфрасыл æрцыд публикацигонд.
«Райгонд стæм ISFED-ы уынаффæйæ, кæцы сæрмагонд инициативæйæ рабæлвырд кодта параллелон бахыгъды (PVT) фæстиуджытæ æмæ æхсæнадæн базонын кодта мид аудиты хатдзæг. ISFED у профессионалон æмæ цытджын репутаци кæмæн ис ахæм æмбæстагон æхсæнады организаци, кæцы кæддæриддæр бæрнон у рухсдзыд информацийæ итонгадыл, сæрмагондт бæрæггæнæнты гъæды контролы æмæ фæстиуджыты дырысдзинадыл PVT-ы ауадзыны æхсæнадæмонæй нымад сегасдæр хуыздæр практикæмæ æмбæлгæйæ.
Йæ фарс хæцæм æвзæрстыты мониторингы баст алы организацийы рухсдзыд куыстæн æмæ аргъ кæнæм ISFED æвзæрстыты фæстæ вазыгджын аууæлтты цы куыст сыххæст кодта уымæн» – банысангонд у USAID-ы фидиуæны.
Цæк-ы кæронбæттæн бæрæггæнæнтæй, «Гуырдзиаг Бæллицмæ» хъæлæсты 48,22% ис. Уыйимæ иумæ, «Рæстаг Æвзæрстыты» цалдæр бон размæ ахæлиугонд параллелон бахыгъды рабæлвырдгонд фæстиуджытæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы» максималон фæстиуæг у 48,3%, минималон та – 46,9%. Афтæмæй, «Рæстаг Æвзæрстыты» параллелон бахыгъды рабæлвырдгонд бæрæггæнæнтæ, рæдыды гъæд нымайгæйæ, ЦÆК-ы кæронбæттæн фæстиуджытæм æмбæлон сты. Банысанкæинаг у уый æмæ организацийы фыццаг ноябры публикацигонд параллелон бахыгъды фæстиуджытæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы» максималон фæстиуæг уыд 46,5%, минималон та – 45,1%.