Америкæйаг рауагъдад The Wine Palate ныммыхуыр кæны статья Ныгуылæн Гуырдзыстоны сæнты фæдыл
Ныгуылæн Гуырдзыстоны сæнты фæдыл америкаг рауагъдад The Wine Palate публикаци кæны статья.
Статьяйы автор, америкаг сæны дæсны Лиза Перотти-Браун, кæцы 25 азæй фылдæр кусы сæны индустрийы, Ныгуылæн Гуырдзыстонмæ октябры бабæрæг кодта Националон сæны агентад æмæ америкаг компани Big Sky Ranch Inc-ы æхсæн æмгуыстады фæлгæтты.
Лиза Перотти-Браун бабæрæг кодта Имереты æмæ Рачъайы, цыран базонгæ ис алыгъуызон гуырдзиаг сæнтимæ æмæ гуырдзиаг сæнуадзæн традицитимæ. Тбилисы дæр уагъд æрцыд сæрмагонд дегустаци, цы ран Сæны дæсны бавзæрста 50 бæрц сæны æндæр æмæ æндæр сæны компанитæй.
«Фæстаг фынддæс азы мидæг цалдæр хатт уыдтæн Къахетмæ, Имерет æмæ Рачъамæ мæ фыццаг балцæй фæстæмæ Гуырдзыстоны регионты æхсæн хицæндзинæдтæ ноджы тынгдæр фæбæрæг сты.Ныгуылæн Гуырдзыстон здæхт у æхсæрдзæнтæм, алыхуызондзинадмæ æмæ æвзыгъддзинадмæ, денджызон климат, бæрзонддæр бæрзæндтæ, лыстæгдæр мацераци æмæ чысылдæр масштабон зæхкуыст æндавынц», – фыссы статьяйы автор.