Амбролаурийы, хъæу Гоголатмæ лæвæрд æрцæудзæн националон нысаниуæгы категорийы статус
Амбролаурийы муниципалиетты хъæу Гоголатмæ лæвæрд æрцæудзæн националон нысаниуæгы категорийы статус. Уый тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, райхъусын кодта Гоголаты хъæуы, цы ран фембæлдис бынæттонтимæ æмæ сæм раныхасæй баздæхт.
«Абон мах ахицæн кодтам æмæ ацы хъæуæн ратдзытæм националон категорийы статус. Ам райдайдзыстæм масштабон реабилитацион куысыттæ афтæ, цæмæй хъæуæн йæ фыццагон хуыз нæ фæивдзыстæм. Нæ хæс у, цæмæй ацы уникалон культурæ, традицитæ, архитектурæ баыæрæм æнæ æрмæст нæ фидæн фæлтæртæн, фæлæ ма бахъахъхъæнæм фæдылдзог æнусты дæргъы. Ацы рæсугъддзинадæн ис цалдæр æнусон историй. Хæсджын стæм, уый бавæрæм фидæн фæлтæртæн. Уырнæг дæн Гоголатийы хъæуы, суыдзæн иуæй-иу сеппæтæй популярон туристон маршрут æнæ æрмæст Рачъайы, фæлæ ма æппæт Гуырдзыстоны дæр» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.