«Амазоны» бындурæвæрг документтæ кæмæн нæй ахæм имигранттæн ахуыр сфинанс кæндзæн
«Амазоны» бындурæвæрг æмæ йæ бинойнаг документтæ кæмæн нæй ахæм имигранттæн ахуыры сфинанс кæнынæн 33 милуан доллар рауæлдай кæндзысты – уый фæдыл информацийы хæлиу кæны «Вашингтон Пост» .
Ахуырадон грант рауæлдай уыдзæн а.х. бæллицдарджытæн. АИШ-ы ацы терминæй ракой кæнынц фæсивæды уыцы категорийы, кæцыты АИШ-æм æнæлегалонæй сабибонты нылластой.
Къурийы райдианы «Amazon»-ы бындурæвæрæг, Facebook –ы бындурæвæрæг Марк Цукерберг æмæ æмæ Apple -ы директоримæ Тим Кукимæ баиу сты, кæцытæ Конгрессмæ фыстæг бавдыстой, æмæ «Бæллицдарджыты» барты хъахъъхæд æркуырдтой.
Гигантон компаниты къудариуæггæнджытæ хъуыды кæнынц, цæмæй æвзонг мигрантты депортаци, сæ кусæн тыхæн тасхæссæг у.