Алхас Квициниа - Тбилисимæ нын раст уый æнгæс ахастытæ уыдзæн, цахæм ахаст нæм дардзæн Тбилис махмæ
Махмæ алцыппæт цæуы нормалонæй, хицауад зæронд скондæй, хуымæтæг режимæй кусы – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн оккупацигонд Абхазы а.х. оппозицион парти «Амцахарайы» сæрдар Алхас Квициниа загъта.
«Диссаджы боныхъæд нын ис. Абон зæронд æгъдауæй ног азы æхсæв у, алкæмæн нын ис бæрæгбойнон равг æмæ цæттæ кæнæм ног æвзæрстытæм. Тбилисимæ нын ахæм ахастытæ уыдзæн, цахæм ахаст нæм дардзысты Тбилисæй. Æнæмæнгхъæугæ у сабырадон бадзырд, ома не æхсæн хæст никуы уал уыдзæн æмæ Гуырдзыстонмæ та ницы хъавд уыдзæн, хæстон амæлттæй æрыздаха Абхаз сæрмагонд скондмæ. Ахæм сабырадон бадзырд нын куы уыдзæн, уæд алцыппæт æндæр стæй фæныхас кæнæм»- райхъусын кодта Квициниа.
Фарстыл, кæй æхсæн хъуамæ бафыстæуа ахæм бадзырд, Квициниа дзуаппæн дзуры, цæмæй зæгъгæ компетентон уæнгты æхсæн.