Алхас Квициниа -  Тбилисимæ нын раст уый  æнгæс ахастытæ уыдзæн, цахæм ахаст нæм дардзæн Тбилис махмæ
Алхас Квициниа - Тбилисимæ нын раст уый æнгæс ахастытæ уыдзæн, цахæм ахаст нæм дардзæн Тбилис махмæ

Махмæ  алцыппæт цæуы  нормалонæй,  хицауад   зæронд скондæй,  хуымæтæг режимæй   кусы –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн  оккупацигонд Абхазы  а.х.  оппозицион  парти «Амцахарайы»  сæрдар  Алхас  Квициниа   загъта.

«Диссаджы боныхъæд нын ис.   Абон  зæронд æгъдауæй  ног азы  æхсæв у,  алкæмæн   нын ис  бæрæгбойнон  равг  æмæ цæттæ кæнæм   ног æвзæрстытæм. Тбилисимæ нын  ахæм ахастытæ  уыдзæн,    цахæм ахаст нæм дардзысты Тбилисæй. Æнæмæнгхъæугæ  у  сабырадон  бадзырд,  ома не æхсæн хæст никуы уал  уыдзæн æмæ  Гуырдзыстонмæ  та  ницы хъавд уыдзæн,   хæстон  амæлттæй  æрыздаха   Абхаз  сæрмагонд  скондмæ.   Ахæм сабырадон бадзырд нын куы уыдзæн,  уæд алцыппæт æндæр стæй  фæныхас  кæнæм»-  райхъусын кодта   Квициниа.

Фарстыл,  кæй  æхсæн хъуамæ  бафыстæуа   ахæм бадзырд, Квициниа дзуаппæн  дзуры, цæмæй   зæгъгæ компетентон уæнгты æхсæн.