Алилойы  цыды  тыххæй,  Тбилисы  рæстæгмæ ивд æрцæудзысты автобусты  маршруттæ
Алилойы цыды тыххæй, Тбилисы рæстæгмæ ивд æрцæудзысты автобусты маршруттæ

Сæйраг сахары  мерийы  информацийæ,   Алилойы  цыды  тыххæй,   автобусты  маршруттæ рæстæгмæ ивд æрцæудзысты.

«Цыппурсы   бæрæгбоныл, традицион Алилойы  цыды  тыххæй,  7 январы, 14:00 сахатæй  Руставелийы проспект, Пушкины  æмæ   Бараташвилийы  уынгтæ  æмæ Бараташвилийы тыххæрд  рæстæгмæ æхгæд æрцæудзæн.

Фæнысангонд  маршруттыл змæлæг   муниципалон автобусты  маршруттæ  рæстæгмæ  ивд  уыдзысты.Сæрмагондæй  та, Руставелийы  проспекты  байгомы онг,   автобустæ змæлдзысты  Къуары  рахис  донбыл  æмæ   Элбакидзейы  тыххæрдыл цугæйæ.   Бараташвилийы  ххæрдмæ  Алилойы цыд  куы  бахæцц уыдзæн  уый фæстæ,  Авлабарæй   Бараташвилийы уынджы  æрдæм змæлæг   автобустæ  раздæхдзысты  Авлабары фæзыл» –   хъусын кæнынц  Тбилисы мерийы.