Абонæй Тбилисы,  автобусæй  æнæбилет балцы  тыххæй, санкцитæ 20 ларийы онг  райрæзтысты
Абонæй Тбилисы, автобусæй æнæбилет балцы тыххæй, санкцитæ 20 ларийы онг райрæзтысты

Абонæй Тбилисы,  муниципалон транспортæй, сæрмагондæй  та  автобусæй  æнæбилет балцы  тыххæй, санкцитæ  райрæзтысты, – ахæм цауы   æмбæстаг фондз ларийы  бæсты, нырид 20 ларийæ  фæивар уыдзæн.

Ивд йæ хъуыдыйы  дары  «администрацион барадсасты кодексы»   парламент  цы  ивындзинад сбæлвырд кодта,  уый.

Цыдæриддæр та  фидтонмæ æххæссы, кæцы 30 боны   дæргъы  ивары  æнæбафидыны тыххæй архайы,   уый  фæкаддæр ис  æмæ 50 ларийы  бæсты  40 лари суыдзæн.

Ногдзинад ис  билет сисыны æгъдауы дæр: бæлццон хæсджын у  билет балцы    райдыны рæстæджы   сиса.  Æндæр цауы,  контролер  гæнæн ис  балцы  цыды  цыфæнды рæстæджы йæ фæивар кæна.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн  Тбилисы транспортон  компанийæ  куыд фехъусын кодтой,  афтæмæй,   фæнысангонд  ногдзинады  фæдыл  автобусты  ныридæгæн  бандæгъдтой  информацион стикертæ.  Уымæй дарддæр ма,  афтæдæр сæ  хъусинагæй,   ивды  детæлтты, бæлццæттæн  кондуктортæ  дæр амонынц.