Батум æмæ Лазеты епархийы Алило ацы аз хъауджы формæйæ цæуы.
Аргъуанархайæг уæнгтæ æмæ аргъуанон зарæггæнджыты дæс лæгон къордгай, аразынц цыд. Цыды хуымæтæг æмбæстæгтæ хайад нæ исынц.
Епархийы уынаффæйæ, адæмы æмбырдæй хибахизынæн, Цыппурсы уацхæссджытæ цæрджытимæ нæ фембæлдзысты æмæ лæвæрттæ нæ исдзысты.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæйы равг у хъæлдзæг. Адæмæн раарфæ кæндзыстæм Чырыстийы райгуырд. Уыдон хайад цыды нæ исдзысты, фæлæ ацы стыр бæрæгбоны, цæй зæгъын æй хъæуы уыдзысты баст. Алкæмæн йæ бон у лæвæрттæ бахæссын аргъуанмæ, кæцæй дæр изæры уый карджынтæн æмæ æнæхæдзар цæрджытæ байуардзыстæм» райхъусын кодта диакон Иоане Горелишвили.