Александре Дарахвелидзе - акцийы хайадисджытæ æнæиухатт уыдысты агрессивон барадхъахъъхæнджыты æрдæм, пъæлицæйыл æхсто æндæр æмæ æндæр дзаума
Нæкæсгæ уымæ, æмæ сын уыдис фадат сабырæй равдыстаиккой протест, акцийы хайадисджытæ дарддæр кодтой пъæлицæйæгтæм бырстытæ æмæ къордон атонын – уый фæдыл Мх министры хæдивæг Александре Жарахвелидзе МХМ-ы лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
«Ноджы иу хатт хъусын кæнæм, цæмæй æнæруадзгæ у, барадхъахъхъæнджыты бафхæрд, уыдонмæ бырст æмæ цыфæнды хуызы тыхмидзнад, алы ахæм фактыл министрадæн уыдзæн æмблгæ реагиркæнынад. Афтæма æнæруадзгæ у автомобилон фæндæгты парализаци. «Æмбырдты æмæ манифестацийы фæдыл» Гуырдызстоны закъонмæ гæсгæйæ, æмбырды кæнæ манифестацийы хайадисджытæн фæдзæхст у автомобилон фæндæгтыл барæй барьертæ саразын.
Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, Руставелийы проспектыл цæугæ акцийыл лыстæг хулигандзинады æмæ пъæлицæйæы æнæ»закъонон» æркуырдмæ нæкоммæкасты фактыл, администрацион барадсастыты кодекы 166-æм æмæ 173-æм статитæм æмбæлгæйæ 63 уæнгы æрцахстой. Ноджы иу хатт банысан кæндзыстæм, цæмæй Руставелийы проспектыл цæугæ акцийы рæстæджы, акцийы хайадисджыты тыхмигæнæгон архæйдтыты фæстиуæгæн, æнæдæр æмæ æндæр уæззау зиæнттæ райстой МХМ-ы æхсæн кусæг. Фæнысангонд факты фæдыл, фæдагуырд тугтæрзоны барады кодексы 353-æм прима статийæ цæуы» – райхъусын кодта мидхъуыддæгты министры хæдивæг.