Александр Вершбоу – Украинайы кризисмæ гæсгæ АИШ иунæг æвæццæгæнад дæр ма хъуамæ ацух кæна, уый нымæцы нæдæр тыхæй спайда
Украинайы кризисы фæдыл АИШ-æ иунæг æвæццæгæнад дæр ма хъуамæ ацух кæна, сæ нымæцы нæдæр тыхæй спайда дæр – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдары раздæры хæдивæг, Александр Вершбоу, «Атлантикон Советы» ацæугæ дискуссийы рæстæджы сарызта.
Вершбоу хъуыды кæны, цæмæй Украинайы апрæнты цур Уæрæсейы æфсæдды мобилизацийæ æмæ Вашингтоны æмæ НАТО-æн æркуырдтæ æргомæй бавдисыны фæстæ, Путин йæхицæн фæстæмæ фæндаг нал ныууагъдта.
«Ацытæккæ ахм моменты стæм, Путинæн фæстæмæ алæууыны фадат куы нал ис. Уæрæсейы бадзырды дыууæ проекты бавдст Путинæн маневртæ тыгъдад нал ныууагъдта. Ацы проектты публикацийæ Путин нын нал дæтты фадат, цæмæй уавæр рæстаг бындурыл ифтыгъд суадзæм æмæ Уæрæсейы тыхтæ фæстæмæ алæууæд. Мææ хъуыдымæ гæсгæ, уый серьозонæй ахаст дары НАТО-йы алыварс параноямæ. НАТО-ы дзы уыны сæйраг знагы, нымайы йæ инструментæй, кæцыйæ АИШ пайда кæны йæ режим фенкъуысын кæнын æмæ Уæрæсейæн суперпаддзахады статус байсынæн, кæцы Путинæн нысан кæны æндæвдады сферæтæ фесафын, цæмæй сыхаг падздахадты доминантæй мауал уа. Путины уырны, цæмæй арын æнархайдæй куы баззайа, уæд фæстагмæ фесафдзæн Украинайы. Уый бындурæй у Путины тарст, ома Украина æнтыстджын æмæ размæцыд куы суыдзæн, куы йæм уыдзæн ныгуылæйнаг демократи, уæд уый ф естдзæн дæнцонæй Уæрæсейæн æмæ фенкъуысын кæндзæн Путины режим. Уый тыххæй дæр Путин архайы йæхи фервæзын кæнын æмæ йæхæдæг Уæрæсейы президент куыд загъта афтæмæй, йын фæстæмæ алæуыннæн фæндаг нал ис» – райхъусын кодта Вершбоу.
Вершбоу дзуры, цæмæй АИШ-æ хъуамæ адарддæр кæны хъæддыхдзинад фидар кæнын. НАТО-ы генералон нымæрдары раздæры хæдивæг, афтæдæр критикæ кæны Байдены администраци уырыссаг газдадзæны «Цæгат Къада-2»-ы ныхмæ санкцитæ аивыны тыххæй.
«Кæд АИШ сразы уыдзæн Уæрæсейимæ диалогыл, афтæ цæмæй Кремль æфсæддон тыхты Украинайы арæнтæй нæ акæндзæн, уæд уый Уæрæсейæн уыдзæн амынд Америкæйы æдыхдзинады фæдл. Уыдон банымайдзысты, цæмæй цы сæ фæндыд уый райстой. Уый та уыдзæн трагикон рæдыд, уымæн æмæ мæнмæ гнæсгæ, НАТО-ы æмцæдисонты æхсæн ис разыдзинад. Ироникон у уый,ц æмæй Путины фæрцы НАТО та ссиу ис, куыд 2014 азы. Зын бауырнинаг у, фæлæ НАТО-Уæрæсейы бындурæвæрæг акт бафыссынæй 25 азы фæстæ, нырмадæр хуъсæн æркуырдтæм, ома Уæрæсейы арæнты цур æфсæддон æмæ атомон хотыхтæ дислокаци ма цæуа. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нырма ис чысыл шанс цæмæй бауырнын кæнæм Путины, фæстæмæ алæууын, фæлæ тынг арæхсгæйæ хъуамæ архайæм. Алы фадат хъуамæ уа бадзырдты фынгыл, уый нымæцы тыхæй спайда дæр» – райхъусын кодта Вершбоу.