Александр Вершбоу – Украинайы  кризисмæ гæсгæ АИШ  иунæг æвæццæгæнад дæр ма хъуамæ ацух кæна, уый нымæцы нæдæр  тыхæй спайда
Александр Вершбоу – Украинайы кризисмæ гæсгæ АИШ иунæг æвæццæгæнад дæр ма хъуамæ ацух кæна, уый нымæцы нæдæр тыхæй спайда

Украинайы  кризисы фæдыл  АИШ-æ  иунæг  æвæццæгæнад дæр ма  хъуамæ  ацух кæна, сæ нымæцы нæдæр тыхæй  спайда  дæр –  уый фæдыл   НАТО-ы  генералон   нымæрдары раздæры хæдивæг, Александр Вершбоу, «Атлантикон Советы» ацæугæ дискуссийы рæстæджы  сарызта.

Вершбоу  хъуыды  кæны, цæмæй  Украинайы  апрæнты цур Уæрæсейы  æфсæдды  мобилизацийæ  æмæ  Вашингтоны  æмæ НАТО-æн  æркуырдтæ  æргомæй  бавдисыны  фæстæ, Путин  йæхицæн фæстæмæ  фæндаг нал  ныууагъдта.

«Ацытæккæ  ахм моменты стæм,  Путинæн  фæстæмæ алæууыны  фадат куы нал ис. Уæрæсейы бадзырды  дыууæ проекты  бавдст  Путинæн   маневртæ тыгъдад нал  ныууагъдта.  Ацы проектты  публикацийæ  Путин  нын  нал дæтты  фадат, цæмæй   уавæр   рæстаг бындурыл  ифтыгъд суадзæм æмæ Уæрæсейы тыхтæ  фæстæмæ  алæууæд.  Мææ хъуыдымæ гæсгæ,   уый  серьозонæй ахаст дары  НАТО-йы  алыварс параноямæ. НАТО-ы  дзы  уыны  сæйраг знагы,  нымайы йæ  инструментæй, кæцыйæ  АИШ  пайда кæны  йæ  режим фенкъуысын кæнын  æмæ  Уæрæсейæн суперпаддзахады  статус байсынæн, кæцы  Путинæн нысан кæны  æндæвдады  сферæтæ  фесафын, цæмæй сыхаг падздахадты   доминантæй мауал уа.  Путины  уырны,  цæмæй   арын  æнархайдæй  куы баззайа,  уæд  фæстагмæ фесафдзæн Украинайы.   Уый бындурæй  у Путины   тарст, ома  Украина æнтыстджын æмæ   размæцыд куы  суыдзæн,  куы  йæм уыдзæн ныгуылæйнаг   демократи,  уæд   уый ф естдзæн дæнцонæй   Уæрæсейæн  æмæ фенкъуысын кæндзæн   Путины  режим.  Уый тыххæй  дæр  Путин  архайы  йæхи фервæзын кæнын æмæ  йæхæдæг Уæрæсейы президент куыд загъта  афтæмæй,  йын фæстæмæ  алæуыннæн  фæндаг нал ис» – райхъусын кодта  Вершбоу.

Вершбоу дзуры, цæмæй   АИШ-æ  хъуамæ адарддæр  кæны хъæддыхдзинад  фидар кæнын. НАТО-ы  генералон  нымæрдары раздæры  хæдивæг, афтæдæр  критикæ кæны  Байдены  администраци уырыссаг газдадзæны  «Цæгат Къада-2»-ы ныхмæ  санкцитæ аивыны тыххæй.

«Кæд АИШ  сразы  уыдзæн Уæрæсейимæ  диалогыл, афтæ цæмæй Кремль  æфсæддон тыхты  Украинайы  арæнтæй  нæ акæндзæн,  уæд уый  Уæрæсейæн  уыдзæн   амынд Америкæйы  æдыхдзинады фæдл.   Уыдон банымайдзысты, цæмæй  цы сæ фæндыд уый  райстой.  Уый та  уыдзæн трагикон рæдыд, уымæн æмæ мæнмæ гнæсгæ, НАТО-ы  æмцæдисонты æхсæн ис  разыдзинад.  Ироникон у  уый,ц æмæй   Путины фæрцы   НАТО та  ссиу   ис,  куыд  2014 азы. Зын бауырнинаг у, фæлæ  НАТО-Уæрæсейы  бындурæвæрæг акт бафыссынæй  25 азы фæстæ, нырмадæр хуъсæн  æркуырдтæм, ома Уæрæсейы  арæнты цур æфсæддон  æмæ  атомон  хотыхтæ   дислокаци  ма  цæуа.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   нырма  ис  чысыл шанс цæмæй  бауырнын кæнæм Путины,   фæстæмæ  алæууын, фæлæ  тынг арæхсгæйæ хъуамæ архайæм.  Алы  фадат хъуамæ  уа  бадзырдты  фынгыл, уый нымæцы  тыхæй  спайда дæр» – райхъусын кодта  Вершбоу.