Александр Лукашенкойы æмæ «донецкы адæмон республикæйы» сæрдары фембæлды тыххæй Киев Белорусæй минæвармæ консультацитæм фæсидтис
Киев Белорусæй йæ минæвармæ консультацитæм фæстæмæ фæсидтис.
Украинайы хицауад Белорусы Украинайы минæвары, Игорь Кизимы фæстæмæ фæсидыны уынаффæ уый фæстæ рахаста, белорусы лидер Александр Лукашенко Минскы хæдраситд «Донецкы адæмон республикæйы» сæрдар Денис Пушилинимæ куы фембæлдис æмæ йын æххуыс баныфсвæрдта.
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад Лукашенко æмæ Пушилины фембæлды Минскы æрдгæй Донецкы оккупацион администрацийы легитимацийы архайдæй схуыдта.
Киевы хъусын кæнынц, цæмæй Денис Пушилин гуырысхогонд у уæззау фыдракæндты æмæ йæ ныхмæ æхсæнадæмон санкцитæ кусынц.
Киев æрсидтис Минскмæ, йæхи баурома «деструктивон къахдзæфтæй æмæ ныууадзæт Уæрæсейы агрессивон хæстæн фарсдарын».
Белорусы лидер Уæрæсейы оккупацигонд Донецкы зылды а.х. сæрдарæн 18 апрелы Минскы сфысым кодта.